Медиайы хъусинагæй, Сухумы сæйраг равдысты залы, зынгсирвæзты фæстиуæгæн 4000-йæ фылдæр экземпляр басыгъд
Сухумы сæйраг равдыстон залы æхсæвы фæзындис сыгъд. Бынæттон медиа куыд фысссы афтæмæй, æнæхъæнæй скуынæг ис абхазаг аивадархайджыты «сыгъзæрин фонд».
Зынгхуыссынгæнджыты инфоормацийæ, сыгъд бæстыхайы уæлхæдзары фæзындис. Æнхъæлцау æфсонæй ссис электроадæттæн хаххыты цыбыр ныдзæвд.
Медиаимæ комментари сарызта оккупацигонд Абхазы куьтурæйы а.х. министры хæстæ æххæстгæнæг, Динара Смир, кæцы банысан кодта, цæмæй зынгсирвæзты фæстиуæгæн 4000-æй фылдæр экземпляр басыгъдис, сæ нымæцы Александр Чачба-Шервашидзейы сфæлдыстадæй 300 иуæг.
«Абхазы национ культурæйæн ацы зиан у сраст кæнын гæнæн, цæмæн нæй ахæм», – райхъусын кодта Смир.