Медиайы хъусинагæй,  Германийы хицауад, Гуырдзыстонимæ æмæ ма ноджы  фондз бæстæимæ  миграцийы проблемæйы фæдыл,бадзырд бафыссын хъавы
Медиайы хъусинагæй, Германийы хицауад, Гуырдзыстонимæ æмæ ма ноджы фондз бæстæимæ миграцийы проблемæйы фæдыл,бадзырд бафыссын хъавы

Германийы  хицауад, Гуырдзыстонимæ æмæ ма ноджы  фондз  бæстæимæ, æнæлегалон миграцийы проблемæйы фæдыл бадзырд бафыссын  хъавы.

Уый фæдыл  информаци хъусын кæны «Дойче Велле».

Германийы мидхъуыддæгты министрады минæвар  куыд  райхъусын кодта афтæмæй,    дзырдæуы, а.х.   миграцион партнерадыл, кæцы æндæр фарстатимæ иумæ, Германийы   уæвæг   æнæлегал минрантты фыдыбæстæмæ  бирæ  тагъддæр æрыздахын дары йæ  хъуыдыйы.

«Дойче Велле»  фыссы, цæмæй  Гуырдзыстонимæ иумæ ахæм бадзырды  бафыссын план кæны  Молдовæимæ, Кениимæ, Колумбиимæ, Узбекистанимæ æмæ Хъыргъызимæ.

Германийы  мидхъуыддæгты минитрады пресс-спикер  куыд æмбарын кæны афтæмæй,    бадзырд бафыссыны  фæстиуæгæн  æнæлегал  мигрантты  нымæц хъуамæ фæкъаддæр уа æмæ иурæстæгонæй, ног фадæттæ  фæзына   Германимæ легалон миграцийæн.

«Дойче Велле»-ы хъусинагæй,   Гуырдзыстонимæ æмæ Молдовæимæ  ацы фарстайыл   бадзырд бафыссын   приоритетон  у, уымæн æмæ уыцы  уæнгты нымæцы, кæцытæн  Гемранийы хиæмбæхсæны статусыл уыдис дæуд, 10 процентæй фылдæр растдæр Гуырдзыстоны æмæ Молдовæйы æмбæстæгтæ сты.

Рауагъдад фыссы, цæмæй 2023 азы  январæй  августы онг периоды   Германийы  лигъдоны статус райсты фæндон Гуырдзыстоны 7 405 æмбæстагравдыста.  Афтæма сæ информацийæ,   Тбилис æмæ Кишинеуы  Германийы хицауадимæ ацы фарстаыл  бадзырдтæм цæттæдзинад  сфиксир кодтой.