Мцхетайы полицийы Леван Куташвилийы æмæ Иосеб Павлиашвилийы æрфарст фæцис
Мцхетайы полицийы Леван Куташвилийы æмæ Иосеб Павлиашвилийы æрфарст фæцис.
Куташвили æмæ Павлиашвили полицийы бæстыхайæ æнæкомментарæй рацыдысты.
Мцхетайы полицийы æрфарсты процесс, дыууæ æмæ æрдæг сахаты бæрц аххæссыд.
Леван Куташвили æмæ Иосеб павлиашвили Мцхетайы полицийы æрфарстыл знон æхсæвы дæр уыдысты.
Знон уыдон фембæлдысты лигъæдтты æмæ цæрæнуатты ахæлиуы министр, Созар Субари, паддзахадон министр фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстыты Кетеван Цихелашвили, мидхъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг Кахабер Сабанадзе æмæ падзахадон æдадсзинады куысты информацион-аналитикон департаменты директоры хæдивæг Кахабер Кемоклидзе.
Леван Кауташвили æмæ Иосеб Павлиашвили Ахалгорæй 11 марты рацыдысты.
Паддзахадон æдасдзинады куысты информацийæ, 22 февралы оккуцпацигонд Цхинвалы минæвæрттæ, Гуырдзыстоны æмбæстæгты Арчил Татунашвилийы, Леван Куташвилийы æмæ Иосеб Павлиашвилийы æнæзакъононæй æрцахстой.
Арчил Татунашвили 23 февралы оккупацигонд сахар Цхинвалы рынчындоны æнæбæрг уавæрты æрбамард. Леван Куташвилийы æмæ Иосеб Павлиашвилийы а.х. ахæстонæй ссæрибар кодтой, фæлæ ацы рæстæгмæ уыдысты оккупацигонд территорийыл.