Мцхета-Мтианеты æвджидон – Къоби-Гудаурийы фæндаджы сыгъдæггæнæн куыстытæ райдыдтам, сихорафонæй кæцыфæнды автотранспортæн змæлд дыууæ æрдæм дæр уæгъд уыдзæн
Къоби-Гудаурийы фадыгыл кæцыфæнды транспортæн фæндаг сихорафонæй дыууæ æрдæм дæр фегом уыдзæн – уый фæдыл Мцхета-Мтианеты паддзахадон æвджидон Шалва Къереселидзе фехъусын кодта Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн.
Къоби-Гудаурийы автомобилон фæндаг, интенсивон митуарды фæстиуæгæн сæвзæрæг зæйтæссаг уавæры тыххæй, æртыккаг бон у, æхгæд у. Къуылымпыдзинады тыхæй, цæрæн ран Жинвалы трайлерты æмæ рог хæдтулгæты колоннæ лæууы.
Паддзахадон æвджидон Шалва Къереселидзе куыд дзуры афтæмæй, зæгъгæ фæндагы сыгъдæг кæнын райдыдтой.