Марош Шефчович – Еврокомиссийы хаст уынаффæ æвдисы æртæ бæстæйы сæрмагонд тыхархайд уæнгдзинады куырдиаты тыххæй
Еврокомиссийы хаст уынаффæ æвдисы ацы æртæ бæстæйы сæрмагонд тыхархайд уæнгдзинады курдиаты тыххæй, – уый фæдыл еврокомиссар Марош Шефчович Люксембургы ацæугæ конференцийыл райхъусын кодта, кæцы уыд европæйы фидæны темæйыл.
«Ай у историон къуыри Евроцæдисæн, цыппæрæмы æмæ майрæмбоны совет нысаниуæгджын уынаффæ рахæсдзæн. Мæ бон у зæгъын, цæмæй бадзырдты фынгыл ахаст у позитивон æмæ æвæрццаг. Раззаг къуырийы комиссийы хаст уынаффæ æвдыста ацы æртæ бæстæйы сæрмагонд тыхархайд куырдиаты тыххæй. Рекомендацитæ æнхъары Европаг перспективæ Украинайæн, Молдовæйæн æмæ Гуырдзыстонæн, æрмæст статус та Украина æмæ Молдовæйæн. Уыдон бындурæвæрд сты ацы бæстæты цæттæдзинады солидон аргълæвæрдыл. Уый у нысаниуæгджын ивддзинад æртæдæр бæстæйæн, уæвæг геополитикон контексты», – райхъусын кодта Марош Шефчович.