Марко Рубио – АИШ-ы номæй арфæ кæнын гуырдзиаг адæмæн сæ националон бон, АИШ æнæзивæгæй лæууы партнердзинадыл, кæцы æмдзу кæны Гуырдзыстоны бæллицтимæ æдас æмæ дидинæфтыд фидæны тыххæй
Марко Рубио – АИШ-ы номæй арфæ кæнын гуырдзиаг адæмæн сæ националон бон, АИШ æнæзивæгæй лæууы партнердзинадыл, кæцы æмдзу кæны Гуырдзыстоны бæллицтимæ æдас æмæ дидинæфтыд фидæны тыххæй

АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Марко Рубио АИШ-ы номæй хæдбардзинады бон гуырдзиаг адæмимæ иумæ нысан кæны.

АИШ-ы паддзахадон департаменты веб-фарсыл публикацигонд Марко Рубиойы арфæйы тексты куыд банысангонд у, афтæмæй АИШ-ы æнæфæцудгæйæ лæууы партнерадыл, кæцы æмдзу кæны Гуырдзыстоны æдас æмæ дидинæфтыд фидæны тырнындзинадимæ.

«Америкæйы Иугонд Штатты номæй арфæ кæнын Гуырдзыстоны адæмæн ацы националон бон.Æртын азæй фылдæр нæ нациты æхсæн хæлардзинад æмæ партнердзинад арæзт цæуы демократи, суверенитет æмæ хуыздæр фидæны тырнындзинады иумæйаг аргъдзинæдтыл.Ацы бон нысан кæнæм Гуырдзыстоны тых æмæ фидардзинад, афтæ дæр нæ бастдзинæдтæ æмæ уарзондзинад. Гуырдзыстоны адæмы æнувыддзинад сæрибардзинад æмæ хæдбардзинадмæ у разæнгардгæнæг АИШ æнæфæцудгæйæ лæууы ахæм партнерадыл, кæцы æмдзу кæны Гуырдзыстоны бæллицтимæ æдас æмæ дидинæфтыд фидæны тыххæй», -расидтис Марко Рубио.