Марк Цукерберг пайдагæнджыты æрбадæттæгты райтыгъды аххосагæй, Европарламенты хатыр ракурдта
Марк Цукерберг пайдагæнджыты æрбадæттæгты райтыгъды аххосагæй, Европарламенты хатыр ракурдта
Социалон хыз Facebook-ы бындурæвæрæг æмæ къухдариуæг, Марк Цукерберг Европарламенты фракциты къухдариуджытимæ фембæлдыл пайдагæнджыты æрббадæттæгты апарахаты фæдыл хатыр ракурдта. Уый банысан кодта, цæмæй нæ уыд раст дихгонд сæрмагонд информацийы æнæзакононæй спайдайы тæссагдзинад.
«Уый уыд стыр рæдыд æмæ æз хатыр курын» – банысан кодта Цукерберг.
Афтæ дæр Марк Цукерберг европон депутаттæн ныфс бадартта, цæмæй йæ компани алы æппæт сараздзæн, цæмæй ма бауадза европайы националон æмæ европарламенты æвзæрстыты æттаг тыхты бастдзинад, куыд уый 2016 æм азы АИШ-ы æвзæрстыт рæстæджы æрцыд.