Мария Захарова – Уырыссаг дипломатты раддæдуар кæнынæн дзуаппон мадзæлттæ уыдзысты адекватон
Солидарондзинад уый нæу, искæмæн йæ фарс рахæцын уæ тыхбын куы бакæнынц – уый фæдыл Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министрады официалон минæвар Мария Захарова райхъусын кодта æндæр æмæ æндæр бæстæйæ уырыссаг дипломатты кæй феддæдуар кодтой уыый фæдыл комментарийы рæстæджы.
«Солидарондзинад йеуæд нæ вæййы, тыхбын дæ куы бакæнынц искæмæн йæ фарс хæцын, хъомыс уæм куы дарынц. Солидарондзинад у зындзинæдты æмæ аууæлттæ æнæкæсгæ, дæхи фæндæй куы хæцыс йæ фарс искæмæн. Цавæр солидарондзинадыл дзурут? Комкоммæ хъомысдарыныл, æртхъирæнтыл? Бæстæтæ кæцытæ ацы акцимæ нæ баиу сты , стыр бæрнæй сты æнæрмæст Уæрæсейимæ ахастыты, фæлæ ма æхсæнадæмон норм1тыæрдæм дæр» – банысан кодта Мария Захарова.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Мæскуы уырыссаг дипломатты раддæдуаркæныныл адекватон дзуапп ратдзæн.
«Дзуаппон мадзæлттæ уыдзысты адекватон. Ныр цæуы уыдоныл куыст æмæ цыбыр рæстæджы суыдзысты бæрæг» – банысан кодта Уæрæсеы фæсарæн хъуыддæгты министрады официалон минæвар.