Мария Захарова – Гуырдзыстоны 2008-æм азы уæвæг уавæрыл Гаагайы тæрхондоны фæдагуырд ноджы иу хатт бавдыста рæстады æрдæм дывæр стандарттæ

16:15, 22.12.2022

Мария Захарова – Гуырдзыстоны 2008-æм азы уæвæг уавæрыл Гаагайы тæрхондоны фæдагуырд ноджы иу хатт бавдыста рæстады æрдæм дывæр стандарттæ

Мария Захаровайы ныхасмæ гæсгæ, тугрæстдзинады рæстады æппæтдунеон тæрхондоны прокуратурайы, Гуырдзыстоны 2008-æм азы уæвæг уавæрыл фæдагуырд ноджы иу хатт бавдыста рæстады æрдæм дывæр стандарттæ.

«14 азон куысты фæстæ фæдагурджытæ не æмбæрстой регионы специфика. Фæлæ æххæст кодтой ныгуылæны политикон хæслæвæрдтæ, схæццæ кодтой уавæр æмæ циниконæй ракодтой конфликты зианбаййафæг фарсы аххосджынæй. Цæй фæстиуæг дæр уыд лæвæрд ахсты æртæ ордер Хуссар Ирыстоны æртæ æмбæстагыл, кæцытæн афтæ дæр ис Уæрæсей æмбæстагдзинад, уыдоны аххосджын кæнынц æрымысгæ гуырдзийæгты бабыны», – сиды Захарова.

Хуыздæр