Мариам Квривишвили – Мах сæрыстыр стæм, цæмæй сæрмагонд секторимæ иумæйаг архайды фæрцы æмбæстагон авиацийы æнæпрецедентон рæзты динамикæ баххæсыдыстæм
Мариам Квривишвили – Мах сæрыстыр стæм, цæмæй сæрмагонд секторимæ иумæйаг архайды фæрцы æмбæстагон авиацийы æнæпрецедентон рæзты динамикæ баххæсыдыстæм

Экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр Мариам Квривишвили TAV Airports-æн Гуырдзыстоны 20 азы юбилей раарфæ кодта.

Минитсрады информацимæ гæсгæ, Тбилисы æхсæнадæмон аэропорты уагъд мадзалы ныхасы рæстæджы, министр бузныг расидтис компанийы къухдариуæгадæн, бынæттон къухдариуæгадæн æмæ кусджытæн Гуырдзыстоны авиацион секторы фæтыхджындæр кæныны куысты тыххæй.

«Авиацийы индустри, æмбæстагон авиаци ахсы тынг нысаниуæгджын, сæйраг роль нæ бæстæйы экономикæйы размæцыды.Мах абон стæм сæрыстыр, уымæн æмæ иумæ кæсæм авиацион индустрийы, æмбæстагон авиацийы æнæпрецедентон рæзты динамикæмæ.Уый мах къухы бафтыд иумæйаг тыхархайдæй, раст стратеги, цæстæнгас, архайды пълан æмæ йæ иумæйаг реализацийæ. сæрмагонд æмæ паддзахадон секторы» – райхъусын кодта экономикæ æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр.

Мариам Квривишвили куыд банысан кодта афтæмæй, Гуырдзыстоны фыццаг хатт 70-йæ фылдæр æхсæнадæмон авиакомпани ацы рæстæгмæ кусы 120-йæ фылдæр комкоммæ маршрутыл, кæцы диверсификацийы политикæйыл бындурæвæрд стратегийы фæстиуæг у æмæ ныридæгæн æвдыст цæуы бæлццæтты цыд æмæ комкоммæ рейсы бæрæггæнæнты, се æхсæн европæйаг нысаниуæгджын бынæттæм. Министры ныхасмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны æртæ æппæтдунеон аэропортæй 120-æй фылдæр маршрутæй, ацы азы фыццаг аст мæйы дæргъы Европæмæ 37 проценты бæрц кусынц.