Мариам Квривишвили, Кутаисы æхснадæмон аэропорты милуанон бæлццонæн рацыд йæ размæ
Кутаисы Давит Агъмашенебелийы номыл æхсæнадæмон аэропорт иу афæдзы фидæг милуанон бæлццоны фыццаг хатт райста. Экономикæйы министрады пресскуысты информацийæ, авиакомпани «WizzAir»-ы регулярон рейс Германийы горæт Франкфуртæй, Кутаисмæ милуанон бæлццоны æрласта. Уымæн аэрополрты йæ размæ рацыдысты экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ райрæзты министры хæдивæг Мариам Квривишвили, Гуырдзыстоны АэропорттыИугонды директор Ираклий Каркашадзе æмæ туризмы националон администрацийы къухдариуæггæнæг Майя Омиадзе.
«Махæн тынг æхсызгон уыд, нæ аэропорты милуанон бæлццон куы банысан кодта, цæмæй Гуырдзыстонмæ балц уый фæстæ аскуыддзаг кодта, нæ бæстæйы тыхæй бирæ статитæ куы бакастис уæд. Уый хахх кæны цæмæй Гуырдзыстоны тыххæй Германий туристон базарыл фылдæр адæймаг базыдта æмæ афтæмæй зонындзинад бæрзонддæр кæны»- загъта экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ райрæзты министры хæдивæг Мариам Квривишвили.
«Мадзалы сæйраг хай ацыд багажы алæвæрды тыгъдады, цы ран милуанон бæлццон рабæрæг ис; багажы лентæйыл специалонæй милуанон бæлццоны – немцаг Питер Гойтзингерæн брендиргонд чумæдан разындис, кæцыйы мидæг аэропортты иугонды организацигондæй, æндæр æмæ æндæр лæвæрттæ уыд. Сæ нымæцы бæлццонон ваучер гом датæйæ Гуырдзыстоны кæцыфæнды ранмæ балц кæнынæн,а фтæма æндæр æмæ æндæр гуырдзиаг продукт æмæ авиакомпани «Wizz Air»-ы ваучер, афтæдæр кæцыфæнды æрдæмадæй» – банысангонд у экономикæйы министрады информацийы.