Мариам Квривишвили – Гуырдзыстоны туристон визиты ног рекордон нымæц сфиксир ис, историон максимум 2,3 милуан визитмæ баххæсыд
Гуырдзыстоны туристон визитты ног рекордон нымæц сфиксир ис, 2025 азы январ-июны историон максимум 2,3 милуан визитмæ баххæсыд, кæцы ивгъуыд азы аналогион периодимæ абаргæйæ 6,9 процентæй фылдæр у. Æхсæнадæмон туристон визитты нымæц дæр у рекордон, 3,2 милуанмæ бахæццæ.
Экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр, Мариам Квривишвилийы расидæнмæ гæсгæ, ацы бæрæггæнæнтæ сты хицауады раст политикæйы фæстиуæг, кæцыйы нысан у бæстæйы сабырад æмæ стабилондзинад бахъахъхъæнын, кæцы позитивонæй бандавдзæн æндæр æмæ æндæр секторты размæцыдыл, се æхсæн туризм æмæ æмбæстагон авиацийыл.
«Ацы аз рахицæн ис Гуырдзыстоны базармæ ног авиамаршрутты, ног авиакомпаниты æрбакондæй æмæ фæфылдæр арæхдзинæдтæй, кæцы комкоммæ баст у туристон визитты рæзтимæ.Банысанкæнинаг у, цæмæй Гуырдзыстоны 110-æй фылдæр здæхты кусы 70 авиакомпаниæй фылдæр.Сæрмагондæй банысан кæндзынæн рекордон бæрæггæнæнтæ сæйраг нысангонд базарадæй – Европæйы Паддзахад, Иугонд Паддзахад, Персы бакæлæны бæстæтæ бæрæгæй баст у куыд комкоммæ рейсты рæзтимæ, афтæ дæр маркетингон тыгъдадты активацимæ» – райхъусын кодта Мариам Квривишвили.
Министры ныхасмæ гæсгæ, 2025-æм азы фыццаг дыууæ кварталы Гуырдызстонмæ Евроцæдис æмæ Иугонд Паддзахадæй 201 986 æхсæнадæмон визит сырæзт, кæцы 2024-æм азы аналогион периодимæ абаргæйæ +10.2% рæзт у.
Министр афтæдæр банысан кодта Персы бакæлæны бæстæтæй туристон визитты рекордон рæзт – 2025 азы январь-июны периоды Гуырдзыстонмæ æрцыд 47 430 визиты, кæцы 2024 азы аналогион периодимæ абаргæйæ 10,5% фылдæр у. Æхсæнадæмон визиттæ фæфылдæр сты сæрмагондæй Сауды Аравийæ, Катарæй æмæ Иугонд Араббаг Эмираттæй. Зынгæ фæфылдæр визитты нымæц Азербайджанæй, Индийæ æмæ Китайæ дæр.