Мариам Квривишвили -"Eagle Hills" -мæ къухфыст бадзырдæй, Гуырдзыстоны хицауад фыццаг бынатыл сывæрдта паддзахадон интерес
Мариам Квривишвили -"Eagle Hills" -мæ къухфыст бадзырдæй, Гуырдзыстоны хицауад фыццаг бынатыл сывæрдта паддзахадон интерес

“Eagle Hills Гуырдзыстоны” проэкты , хицауад фыццаг бынатыл паддзахадон интерес сывæрдта. Къухфыст бадзырдæй хицауад иу пункты, кæнæ этапыл,  йæхиуыл нæ райста ницы хуызон финансон хæслæвæрд, финансон гаранти нæ ратта – сиды экономикайы министр Мариам Квривишвили.

Афтæ дæр, министр банысан кодта цæмæй, хъыгагæн Гуырдзыстоны, раздæры азты, уыд бирæ æнæраст къухфыст бадзырд, се æхсæн инвестицион – уæд кæд æмæ  стыр рæстæджы дæргъы, ставд инвестицитæ паддзахадæн сæрмагонд уагæвæрдтæ нысан кодтой.

Мариам Квривишвили бахахх кодта, цæмæй “Eagle Hills” -ы проект уыдоны нымæцмæ нæ хауы æмæ Гуырдзыстоны хицауад æмæ инвесторы æхсæн къухфыст бадзырдæй паддзахадон интерестæ максималонæй сты хъахъхъæд.

Девелоперон компани “Eagle Hills” Гуырдзыстоны, сæрмагондæй Тбилис æмæ Гонионйы 6,5 миллиард долларæй фылдæр аргъы дыууæ проект сыххæст кæндзæн.

Бадзырдмæ гæсгæ, Гуырдзыстон проектты партнер æмæ компанийы 33% -он хайы æмхицау у.

Министр масштабон проектыл ныхасы рæстæджы, афтæ дæр хъусдар сцырын кодта уыцы экономикон æфтиагыл, кæцы уый æнæхъæн бæстæйæн æрхæсдзæн