Маргус Цахкна – Гуырдзыстонæн Евроцæдисы æрдæм нæ уыдзæн исты хузыы дарддæры  къахдзæф, кæд ацы хицауад йæ архæйдтытæ нæ фæивдзæн уæд
Маргус Цахкна – Гуырдзыстонæн Евроцæдисы æрдæм нæ уыдзæн исты хузыы дарддæры къахдзæф, кæд ацы хицауад йæ архæйдтытæ нæ фæивдзæн уæд

Гуырдзыстонæн  Евроцæдисы æрдæм нæ уыдзæн  исты гъуызы  дарддæры  къахдзæф, кæд ацы хицауад йæ  архæйдтытæ нæ фæивдзæн уæд, кæд фæстæмæ нæ аситдзæн   фæсарæ1йнаг агентты закъон, –  уый фæдыл Эстонийы  фæсарæн хъуыддæгты министр  Маргус  Цахкна  Люксембургы  фæсарæн хъуыддæгты министериалы размæ райхуъсын кодта.

Цахкна куыд банысан кодта  афтæмæй,  Гуырдзыстоны хицауад Евроцæдисы æрдæм нæ фæцæуы.

Афтæма йæ  дзырдæй, зæгъгæ Евроцæдисы æддаг хъуыддæгты министериалыл  ныхас уыдзæн   Гуырдзыстоны  æндæр æмæ æндæр  фондæн фарсхæцыныл. Афтæма йæ  дзырдæй, зæгъгæ фæныхас кæндзысты Гуырдзиаг бæрзонд гæстæн  шенгены  визæ аивыныл.

«Абон хъыгаг бон у, уымæн æмæ Гуырдзыстоны  уæвæг уавæрыл   фæуынаффæ кæндзыстæм.  Гуырдзыстоны хицауад нæ  цæуы  Евроцæдисы æрдæм, фæлæ ма  бынтон  иннæрдæм.  Райсом та  стыр бон у, уымæн æмæ хъавæм   райдайæм официалон бадзырдтæ  Украинаимæ, Молдовæимæ æмæ афтæдæр Ныгуылæн Балкантимæ.  Украина у змæлынгæнæг ацы  процессы æмæ  Эстони йæ  фарс хæцы  ауæрæхæн, уымæн æмæ æнæ ауæрæхы  процессæй,  махæн Европæйы  уыдзæн фæныкгъуыз зонæтæ, кæцы не сты хъахъхъæд.  Хъæуы   нæ  фылдæр  адæм æмæ фылдæр бæстæ  Евроцæдисы, цæмæй  нын уа  стабилондзинад.

Гуырдзыстонæн  уавæр серьозон у æмæ бæрн æвæрд цæуы Гуырдзыстоны хицауадыл, уымæн æмæ  Гуырдзыстоны цæрджытæ  разы сты  Евроæцæдисы фæндагимæ. Иу мæйы размæ мæ  коллегæтимæ  иумæ уыдтæн Гуырдзыстоны  æмæ уынæм, цы  уавæр ис. Æцæгдæр хъыгаг у  уый,  фæлæ  нæ хъæуы мадзæлттæ скæнын æмæ  дырысдзинад», – райхъусын кодта Эстонийы  фæсарæн хъуыддæгты министр.