Марджанишвилийы фæзуатæй «Мегобари акты» фарсылхæцæн марш  цæуы уагъд
Марджанишвилийы фæзуатæй «Мегобари акты» фарсылхæцæн марш цæуы уагъд

Тбилисы «Мегобари акты» фарсылхæцæн марш цæуы уагъд.

Маршы хайадисджытæ Марджанишвилийы фæзыл æрæмбырд сты, кæцæй Гуырдзыстоны парламентмæ ахиздзысты. Цæуджытæ хæссынц Гуырдзыстоны æмæ Америкæйы тырысатæ, афтæ дæр Дональд Трампы, Джо Уилсоны æмæ «мегобари  акты» инициатортæ, Джин Риш æмæ Джин Шахины къамтæ.

Маршмæ баиу сты æнæхицауадон организациты минæвæрттæ æмæ опозицийы лидертæ дæр.

«Мегобар акт» АИШ-ы сенатмæ бахастой АИШ-ы сенатортæ Джим Риш æмæ Жанна Шахин. Уый хъуамæ æруынаффæ кодтаиккой 11-æм марты Сенаты æддаг ахастыты комитеты рабадтыл, фæлæ ныхас аргъæвтой. «мегобари акт»-ыл хъуамæ æруынаффæ кæной 27-æм марты.