Мамука Мдинарадзе – Венецийы Комисси ахæм рекомендаци куы ратта, кæцы европаг практикæйæ уыдзæн иртæст, ахæм рекомендациимæ не сразы уыдзыстæм
Кæд нын Венецийы Комисси ахæм рекомендаци ратдзæн, кæцы европаг практикæйы нæ уыдзæн, уæд уыимæ не сразы уыдзыстæм, – уый фæдыл парламентон фылдæрты лидер Мамука Мдинарадзе райхъусын кодта.
Мамука Мдинарадзейы дзырдæй, ЦÆК-ы фæдыл Венецийы Комиссийы рекомендацитæй рагхыгъдгонд цы нæу, уый тыххæй хицаугæнæг балмæ ис аргументтæ.
«Евроцæдисы минæвар раст дзуры, рекомендациты стыр хай сты нымадмæ ист сты. Не сразы стæм æрмæст уыцы хайимæ, кæцыйы партион минæвар ЦÆК-ы сæрдары хъуамæ фæивдтаит йæ куыстæй сисыны цауы, кæцы уыдис Хазарадзейы партийы рард æмæ план. Мах уыимæ бирæ аргументы тыххæй не сразы стæм, уый нымæцы, цæмæ нæу раст барадон принципыл æнцойæ. Афтæма уыцы аргументыл æнцойæ, ома Европæйы иунæг бæстæйы дæр нæ уый æнгæс принцип. Уыцы хайыл,кæцыимæ не сразы стæм н е мбарынгæнæн нæм ис æмæ тынг объективон. Венецийы Комиссийы иунæг рекомендациимæ не сразы уыдзыстæм кæцы Европæйы иу бæстæйы дæр нæй прецеденты хуызæй. Венецийы Комиссийы рекомендаци кæд ахæм уыдзæн, кæцыйы аналог Европæйы иунæг бæстæйы дæр нæй æмæ европаг практикæйы нæ уыдзæн, ахæм рекомендаци нын куы раттой, уæд уыимæ не сразы уыдзыстæм», – райхъусын кодта Мамука Мдинарадзе.
Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Павел Герчински Евроцæдисæй бæрæг фараст къахдзæфы тыххæй райхъусын кодта: «Фараст къахдзæфыл кусын дарддæр кæны, уынæм хæсист, сæруæлдайдзинад, закъондæттæн иництиативæтæ. Уыимæ ма зайынц гом фарстатæ, кæцытæм гæсгæ нæ хъæуы рабадын æмæ æрныхас кæнын».