Мамука Мдинарадзе - резолюцийы текстыл оппозицийы дзуаппмæ дыуæ бонмæ æнхъæлмæ кæсæм
Арчил Татунашвилийы цардмæ хъавды æмæ бафхæрды фæдыл резолюцимæ гæсгæ уагъд консультацитыл, принципон быцæудзхинад нæ уыд – уый фæдыл фракци «Картули Оцнебайы» сæрдар Мамука Мдинарадзе, парламентон фылдæрты æмæ къаддæрты æхсæн консультацийы фæуды фæстæ загъта.
Консультацитыл Арчил Татунашвилийы цардмæ хъавды фæдыл резолюцийы текстыл фæуынаффæ кодтой.
«Бадзырдтæ нæ фесты. Мах сын бавдыстам нæ вариант, уый нымæцы, номхыгъдимæ баст версий æмæ ныффыст. Бавдыстам сын верси кæцы у раст куыд техникон, афтæ барадон æмæ политикъон цæстæнгасæй. Ныр сын сæ фæзыл ис æмæ дыууæ боны фæстæ, хъуамæ нын зæгъой дзуапп» – расидтис Мамука Мдинарадзе.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, консультацийыл принципон ныхмæлæуд нæ уыд æмæ фылдæртæ оппозицийы дзуаппмæ æнхъæлмæ кæсынц.