Мамука Мдинарадзе оппозицимæ æрсидтис бадзырдты фынгмæ æрыздæхынмæ
Мах æмæ æхсæнадæмон парнертæ дæр оппозицийæ курæг стæм бадызрдты фынгмæ æрыздæхæт, уымæн æмæ уый у бæрнон ахаст сæрмагонд æвзæрстгæнджытæм æмæ æмбæстæгтæм – уый фæдыл парламентон фылдæрты лидер, Мамука Мдинарадзе райхъусын кодта.
Мдинарадзе куыд банысан кодта афтæмæй, æвзарæнон системæйы æмæ конституцион ивддзинадæтыл разындзинады цауы, ивддзинæдты сæххæстæн иууыл цъус æртæмæййон æмгъуыд бахъæудзæн.
«Кæд февралы æронмæ истæуыл æрынхас кæнын нæ бахъом уыдзыстæм, стæй техникон цæстæнгасæй, искæцы хуызы ивддзиндæты сæххæст кæнын тынг фæзын уыдзæн. Не нхъарæн 100/50 у компромиссджын. Иннæ рдгæй компромиссджын версий нырма нæм нæ фæхæццæ ис, æрмæст фехъуыстам, компромисс компромиссы тыххæй. Æрмæст уый тыххæй ракодтой афтæ, цæмæй сæвзæрдаит илююзи, цæвиттон компромиссмæ цæттæ сты æмæ ныхас кодтой 130/20 –ыл. Кæд не рныхас кæндзыстæм, уæд цæй зæгъын æй хъæуы сырæздзæн тыхыбын уавæр, æвзæрстытæ 77/73 системæйæ ауадзæм æмæ ахæм цауы, «Гуырдзиаг Бæллицц» конституцион фылдæры хай æнæмæнгæй райсдзæн, кæцы нæ ницæмæн хъæуы, ууыл нæзагъд кæнæм æмæ компромиссджын æнхъарæнимæ та оппозици нæ разы кæны» – райхъусын кодта Мамука Мдинарадзе.