Мамука Мдинарадзе – нæ оппонентты не рфæндыд  иунæг кандидаты фæдыл  фарсдарын сфиксир кæнын, уый тыххæй  дæр нын нæ бантысдзæни омбудсмены сывзарын  æмæ адарддæр кæндзыстæм кусын
Мамука Мдинарадзе – нæ оппонентты не рфæндыд иунæг кандидаты фæдыл фарсдарын сфиксир кæнын, уый тыххæй дæр нын нæ бантысдзæни омбудсмены сывзарын æмæ адарддæр кæндзыстæм кусын

Нæ оппонентты  не рфæндыд   иунæг кандидатыл  дæр разыдзинад  сфиксир кæнын,  уымæ гæсгæ  дæр, нæ бафæраздзыстæм омбусдмены сывзарын  æмæ  адарддæр кæндзыстæм кусын,-  уый фæдыл   фракци «Гуырдзиаг  Бæллиццы»  сæрдар Мамука Мдинарадзе  фылдæрты рабадты фæстæ уагъд  брифингыл   журналситтæн загъта.

Афтæма йæ  дзырдæй,  адарддæр уыдзæн куыст,  цæмæй   уалдзæгон  сессийыл  уæддæр  æрныхас кæной  иумæйаг  кандидаты тыххæй.

«Омбудсмены  кандидатты фæдыл консультацитæ ацыд.  Абон  ныридæгæн мæ  бон бæлвырд зæгъын у,   фæстиуæгы фæдыл, ома  уыцы  фондз кандидаты фæдыл, кæцыты оппозицийы  минæвæрттæн банхъарыдыстæм, иуы сывзæрстаиккой  æмæ уый фæстæ  иумæйаг   кандидатыл  гæнæн уыдис  æрныхас кæнын, нæ  оппонентты не рфæндыд  иунæг кандидаты фæдыл   фарсхæцын сфиксир кæнын.  Уый тыххæй  дæр,  цæй зæгъын æй хъæуы,  нæ нын рауайдзæн  омбудсмены  сывзарын æмæ адарддæр кæндзыстæм кусы, цæмæй  уалдзæгон  сессийыл  уæддæр  исты  амæлттæй бафæразæм  иу кандидатыл æрныхас кæнын» райхъусын кодта  Мамука Мдинарадзе.