Мамука Мдинарадзе – нæ хъайтартæ  сæхи  снывонд кодтой Иугонд Гуырдзыстоны идеяйæн, ацы идеяйы  сыххæстæн хъæуы  стыр фидыд ирон æмæ абхазаг хотимæ æмæ æфсымæртимæ,  стыр фидыд та хатыр æнæракургæйæ  гæнæн нæй
Мамука Мдинарадзе – нæ хъайтартæ сæхи снывонд кодтой Иугонд Гуырдзыстоны идеяйæн, ацы идеяйы сыххæстæн хъæуы стыр фидыд ирон æмæ абхазаг хотимæ æмæ æфсымæртимæ, стыр фидыд та хатыр æнæракургæйæ гæнæн нæй

Нæ  хъайтартæ  сæхи снывонд  кодтой  Иугонд Гуырдзыстоны  идеяйæн æмæ ацы  идеяйы  сыххæстæн хъæуы   стыр фидыд нæ  ирон хотим æмæ æфсымæртимæ, нæ абхазаг хотимæ æмæ æфсымæртимæ.  Æмæ стыр фидыд та хатыр æнæракургæйæ  гæнæн нæй, – уый фæдыл   парламентон фылдæрты лидер Мамука Минарадзе   райхуъсын кодта.

Мдинарадзейы дзырдæй,  ис  конфликты алыгы  дыууæ фæндаг –  сæ иу  у  хæст,  дыккаг та  кæрæдзийæн ныббарын, æрмæст «Кмртули Оцнеба»  æвзары   кæрæдзийæн  ныббарыны  фæндаг.

«Уыцы адæймæгтæ, кæцытæ  рацыдысты  бæстæйы  иудзинады,  кæрæдзийæн ныббарыны, бафидауыны ныхмæ, дзæбæх хъуамæ бамбарой, цæй  ныхмæ сты,  цæмæн сæ  хæъуы  мæнг ныхæстæ, цæвиттон   исчи дзуры,  оккупантæн, марæгæн кæнæ  хъизæмарæй  марæгæн   исчи  хъуамæ хатыр ракура.   Хъуамæ   рабæрæг уæм, ирæттæ æмæ абхазæгтæ сты æви нæ  не фсымæртæ æмæ нæ хотæ, æви уыдон ацы фæстаг æртæ боны  дæргъы  куыд æлгъаг кæнынц,  афтæ  сты  фыдгæнджытæ.   О, аххосджын у   марæг æмæ  хъизæмарæй марæг.  Æмæ уыцы  марджытæ  æмæ  хъизармагæнджытæ    раст ахæм ирæттæ æмæ абхазæгтæ  сты,  цахæм гуырдзиаг дæр у дæнцæн  Михеил Саакашвили. Бæстæйы баиу кæнын идеяйы æмæ Иугонд Гуырдзыстоны идеяйы  сыххæстæн стыр политикон æндиуддзинад  æмæ  лæгдзинад хъæуы.  Ацы  лæгдзинады   скæнæг хай у  хатыр ракурын дæр, кæм  хъæуы æмæ æнæмæнгхъæугæ кæм у  кæрæдзийæн нымббарынæн уым», – райхъусын кодта Мамука Мдинарадзе.