Мамука Мдинарадзе – Нæ хæлæртты æрдгæй кæцыфæнды фидиуæн домæны хуызæн куы суа уæд нæ дзуапп у принципон, нæ хъавæм нæ æмбæстæгты æмæ бæстæйæн разнаггад кæнын
Бузныг Евроцæдисы минæварæн, кæй бахахх кодта ома тахтыты сног уыдис иуфарсон уынаффæ, фæлæ ам объективондзинады тыххæй хъуамæ бафтауæм уый дæр, цæмæй йæ фидиуæны иннæ хайы уыдис фактон æнæрастдзинад уый фæдыл, цæвиттон Гуырдзыстоны хицауадæй барлæвæрд хъуыдис ацы уынаффæ сыххæстæн, – уый фæдыл фракци «Картули Оцнебайы» сæрдар, Мамука Мдинарадзе райхъусын кодта.
Йæ дзырдæй зæгъгæ, Гуырдзыстон нæ хъавы санкцитæ сфидар кæнын æмæ уымæй сæрмагонд æмбæстæгтæн разнаггад кæнын.
«Ницы барлæвæрд, нæдæр политикон, нæдæр формалон æмвæзадыл уымæн нæ хъуыд. Кæд дзырдæуы техникон фарстатыл, кæцы уæлдæфон навигаци, аэропортты иугонд æмæ а.д. хъуамæ раттой, ууыл нæзагъд ацы субъектты æрдгæй уыдаит де-факто санкциты сфидар кæнын Уæрæсейæн. Нæдæр дефакто æмæ нæдæр æндæргъуызон санкцитæ Гуырдзыстоны хицауад не сфидар кæндзæн. Уый у принципон позици, уымæн æмæ уый разнаггад кæндзæн гуырдзыстонæн, йæ æмбæстонтæн, æмбæстæгтæн. Ахæм уынаффæ рахæссыд, кæцы знаггад кæнгы нæ æмбæстæгтæн, нæ хъавæм. Уый йеддæмæ ма, алкæмæн бакой кæндзынæн элементарон статистикæ. 2022 азы Евроцæдисы æмæ Уæрæсейы æмтгæйон базарадон зилдух уыд 258 миллиард евройы бæрц, боны мидæг 700 милуан евро. Евроцæдисы Уæрæсеимæ базарадон зилдух цыппар боны мидæг цы у, уый бæрц у Гуырдзыстоны æнæхъæн базарадон зилдух Уæрæсеимæ. Ахæм фарстатæ куы сты æргом, уæд не стæм цæттæ райсæм уайдзæфтæ ахæм фарстатыл. Кæд искæцы фидиуæн нæ хæлæртты æрдгæй уыдзæн домæны хуызæн санкцитæ сфидар кæныны фæдыл, уæд нæ дзуапп у принципон, мах санкциты сфидар кæнынæй – нæдæр де факто æмæ нæдæр æндæр реалон санкцитæ сфидар кæнынæй – нæ хъавæм нæ æмбæстæгты æмæ бæстæйæн разнаггад кæнын», – райхъусын кодта Мдинарадзе.