Мамука Мдинарадзе – Нæ хæлæртты æрдгæй  кæцыфæнды фидиуæн домæны хуызæн куы суа уæд нæ дзуапп у принципон, нæ хъавæм  нæ æмбæстæгты æмæ бæстæйæн   разнаггад кæнын
Мамука Мдинарадзе – Нæ хæлæртты æрдгæй кæцыфæнды фидиуæн домæны хуызæн куы суа уæд нæ дзуапп у принципон, нæ хъавæм нæ æмбæстæгты æмæ бæстæйæн разнаггад кæнын

Бузныг  Евроцæдисы  минæварæн, кæй бахахх кодта ома тахтыты сног уыдис  иуфарсон   уынаффæ, фæлæ  ам объективондзинады тыххæй  хъуамæ бафтауæм уый дæр, цæмæй  йæ фидиуæны иннæ  хайы уыдис фактон   æнæрастдзинад  уый фæдыл, цæвиттон  Гуырдзыстоны  хицауадæй  барлæвæрд хъуыдис  ацы  уынаффæ сыххæстæн, – уый фæдыл  фракци «Картули Оцнебайы» сæрдар, Мамука Мдинарадзе  райхъусын кодта.

Йæ  дзырдæй зæгъгæ,  Гуырдзыстон нæ хъавы санкцитæ сфидар кæнын æмæ уымæй  сæрмагонд æмбæстæгтæн  разнаггад кæнын.

«Ницы  барлæвæрд, нæдæр политикон, нæдæр формалон æмвæзадыл уымæн нæ  хъуыд. Кæд дзырдæуы  техникон фарстатыл, кæцы  уæлдæфон навигаци, аэропортты  иугонд æмæ а.д. хъуамæ  раттой, ууыл нæзагъд ацы  субъектты  æрдгæй  уыдаит де-факто  санкциты сфидар кæнын Уæрæсейæн.  Нæдæр дефакто æмæ нæдæр   æндæргъуызон санкцитæ  Гуырдзыстоны  хицауад  не сфидар кæндзæн. Уый у принципон позици, уымæн æмæ уый  разнаггад кæндзæн гуырдзыстонæн, йæ æмбæстонтæн, æмбæстæгтæн.  Ахæм уынаффæ рахæссыд, кæцы  знаггад кæнгы  нæ æмбæстæгтæн,  нæ  хъавæм.  Уый йеддæмæ ма,  алкæмæн бакой кæндзынæн элементарон статистикæ.  2022 азы  Евроцæдисы æмæ Уæрæсейы    æмтгæйон базарадон зилдух    уыд 258  миллиард евройы бæрц, боны мидæг 700 милуан евро. Евроцæдисы Уæрæсеимæ базарадон зилдух  цыппар боны мидæг цы у,  уый бæрц у Гуырдзыстоны  æнæхъæн  базарадон зилдух Уæрæсеимæ.  Ахæм  фарстатæ  куы  сты æргом, уæд не стæм   цæттæ райсæм  уайдзæфтæ  ахæм фарстатыл. Кæд искæцы фидиуæн  нæ  хæлæртты æрдгæй  уыдзæн   домæны хуызæн  санкцитæ сфидар кæныны фæдыл, уæд нæ дзуапп у принципон, мах санкциты сфидар кæнынæй – нæдæр де факто æмæ нæдæр æндæр  реалон  санкцитæ сфидар кæнынæй – нæ хъавæм   нæ æмбæстæгты  æмæ бæстæйæн разнаггад кæнын», – райхъусын кодта Мдинарадзе.