Мамука Мдинарадзе - Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинадмæ гæсгæ искæцы хуызы компромисс нæ райсдзæн иу гуырдзиаг дæр
Фракци «Гуырдзиаг Бæллиццы» сæрдар Мамука Мдинарадзе хъуыды кæны, цæмæй фæндзæм статийы ахæлиумæ гæсгæ, НАТО-йы раздæры генералон нымæрдары Андерс Фог Расмусены фидиуæныл сырæзт абсолютонæй æнæраст интерпретаци.
Журналисттæн Мдинарадзе куыд загъта, афтæмæй, территорийон æнæхъæндзинадмæ гæсгæ, искæцы хуызы компромисимæ, Гуырдзыстоны иу хицауад дæр не сразы уыдзæн.
«Амондæн, уыйимæ нæ æхсæнадæмон партнертæ дæр сты разы. Ацы фарста боны фæткы нæ лæууы æмæ нæдæр лæудзæн никуы. Ацы фарста Уæрæсейæ дарддæр ничы бавдисы. Расмусен эксперты рангы нæм бавдыста хъуыды уый фæдыл, цæмæй байгом уа дискусси æрмæст фæндзæм статийы ахæлиуы тыххæй, кæнæ та уырнæг дæн, йæ хъуыдыйы дартта НАТО-ы нæ уæнг суæвын батагъддæр кæнын æмæ уый уыд иу хуымæтæг адæймагы хъуыды», – райхъусын кодта Мамука Мдинарадзе.
Уый йеддæмæ ма экономикон политикæ иртасаг центры æмæ Маккейны институты организацигонд радæй фæндзæм æхсæнадæмон конференцийыл НАТО-йы раздæры генералон нымæрдар Андерс Фог Расмусен райхъусын кодта, цæмæй зæгъгæ хъуамæ кастæуа Гуырдзыстоны мидæгæй, æрфæнддзæн æви нæ ахæм механизмы райсын, кæцымæ гæсгæ дæр, НАТО-ы фæткæвæрды фæндзæм стати бамбæрдзæн æрмæстдæр, кæцы Гуырдзыстоны хицауады контролгонд у. Афтæдæр уыцы фарстыл дзуапп хъуамæ раттой НАТО-йы. Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, фыццаг къахдзæф ацы фарстыл уынаффæйы тыххæй, Гуырдзыстоны хъуамæ сырæза æмæ уый фæстæ хъуамæ бавдыстæуа НАТО-йы. «Мах хъуамæ райдайæм процесс, æмæ кæд гуырдзиæгтæ ахицæн кæндзысты, цæмæй фæндзæм стати оккупацигонд территоритыл ма ахæлиу уа, уæд махæн уый райсын нæ бон у, ома фæнысангонд стати æрмæст Гуырдзыстоны хицауады кантролы дæлбар территоримæ аххæсса. Уы тыххæй нæ бон у процесс райдаын», – райхъусын кодта Расмусен.