Мамука Мдинарадзе – фауæм Уæрæсейы æрдгæй æвзарæнон фадгуытæ оккупацигонд Гуырдзыстоны территорийыл байгом, уый у æхсæнадæмн барады принципты ноджы иу гуырымыхъхъ халын
Фауæм Уæрæсейы æрдгæй президентон æвзæрстты фæдыл æвзарæнон фадгуытæ оккупацигонд Гуырдзыстоны территорийыл баконд, – уый фæдыл парламентон фылдæрты лидер, Мамука Мдинарадзе абоны брифнгыл райхъусын кодта.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ уый у æхсæнадæмон барады принципты æмæ нормæты ноджы иу гуыырымыхъхъ халын.
«Мах иу кæнæм Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады фидиуæнмæ æмæ фауæм Уæрæсейы Федерацийы æрдгæй æвзæрстты фæдыл æвзарæнон фадгуытæ оккупацигонд Гуырдзыстоны территорийыл баконд, кæцы оккупант фарсы æрдгæй æхсæнадæмон барады принципты мæ нормæты ноджы иу гуырымыхъхъ халæг æмæ æфхæрæг архайд у. Халыны ацы гъæд цы амоны, уый æвæццæгæн гуырдзиаг æмæ æхсæнадæмон дзыллæ ноджы иу хатт дзæбæх æмбарынц», – райхъусын кодта Мамука Мдинарадзе.