Мамука Хазарадзе рацыд инциативæйæ , «Националон Æдасдзинады æмæ Экономикæйы» платформæ саразыны фæдыл
Гуырдзыстоны интерестæн æнæаргъæвгæйыл нымайын националон консолидацийы, «Национ Æдадсзинады æмæ экономикæйы» фидар платформæ саразын – уый фæдыл «Лелойы» лидер Мамука Хазарадзе фыссы социалон хызагы.
Уый ранымадта фарстатæ, кæцыты алыварс бадзырдтæн тымбыл фынгы форматмæ фæхуыдта алы интересджын фарсы.
«1. Гуырдзыстоны АИШ-ы æфсæддон объектты æрбынат кæнын æмæ ацы æрдæм архайадон къахдзæфтæ саразын, куыд закъондæттæн афтæ экономикон цæстæнгасæй.
- АИШ-имæ уæгъдибар базарады бадзырд цырдæй скусын кæнын, кæцы Гуырдзыстоны экономикæ æмæ йæ æмбстæгтæн ратдзæн цырд экомномикон рæзынады фадат.
- «Люстрацийы закъон» – националон консолидацидзинады æмæ суверенитет хъахъхъæды акты райст – знаг паддзахадты дæлбар уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстæгты раргом кæнынæн.
Ацы фарстатæм гæсгæ, алы интересджын фарсыты уæ хонын тымбыл фынгы форматмæ ацы æмæ æндæр фарстæты лæмбынæг бацæттæкæнынæн æмæ сыххæст кæнынæн. Националон æдасдзинад æмæ экономикææй цырд рапарахат кæнын хъуамæ уа бæстæйы номыр фыццаг рард. Махæн, Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн æнæмæнгхъæугæ у национ тыхты консолидацидзинад, ныгуылæйнаг партнертимæ æмæ æмцæдисонтимæ интенсивон кусын ацы нысæнттæм æрцæуынæн æмæ реалон царды сыххæст кæнынæн. Гуырдзыстонмæ ис шанс, суа фидар националон ахæзнатыл бындурæвæрд нырыккон паддзахад, кæцы зæрдæмæдзæугæ уыдзæн цивилизацигонд дунейæн, куыд æууæнкаг æмцæдисон æмæ партнер» – фыссы Мамука Хазарадзе.