Мамука Хазарадзе - Мæхи æмæ Бадри Джапаридзейы алы банкъон хыгъдтæ хъодыæвæрд æрцыдысты
Мамука Хазарадзейы фидиуæнæй, уымæн йæхи æмæ Бадри Джапаридзейы банкъон хыгъдтыл хъоды сæвæрдтой. Уый фæдыл бизнесмен фыссы социалон хызагы.
«Абон прокуратурæйы æркуырдæй æмæ тæрхондоны уынаффæйæ æрцыд, мæхи æмæ Бадри Джапаридзейы алы банкъон хыгъдыл хъодыæвæрд. Ацы мийæн йæ мысан у æрмæстдæр уый, цæмæй мах цы æхсæнадон змæлды тыххæй райхъусын кодтам æмæ алы цæугæ сфинанскæнинаг хæрзаудæн æмæ бизнес проект, уый ынмæцы Анаклиа дæр, фæстагмæ урæд æрцæуа. Уымæй мнæ нæ фæтæрсын кæндзыстут!! Тох дарддæр кæнæм!!» -фыссы Хазарадзе «Фейсбукы».
Тбилисы сахарон тæрхондон 26 июлы «ТВС Банкъы» бындурæвæрджыты, Мамука Хазарадзе æмæ Бадри Джапаридзейæн æфхæрды мадзалы хуызæй, стæрхон кодта цъынды бафидын, сæ алкæмæн фæйнæ 700 000 ларийы бæрцæй. Уымæй уæлдай ма, сын фæтобæ ис арæны ныууадзын фæдæвзарæг уагдоны рагфæдзæхст-барлæвæрд цухæй. Мамука Хазарадзейæн æмæ Бадри ДЖапаридзейæн аххосаг бавдыстæуыд 24 июлы къордонæй 16 664 000 америкаг доллары æнæзакъонон æфтиагы легализацийы фактыл, кæцыимæ иумæ сфиксир ис сæрмагондæй стыр бæрцæй æфтиаг райсын – фыдракæнд нымадмæ ист у Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы 194 статийы 2-аг хайы «а» æмæ 3-аг хайы «г» дæлпункттæй.