Мамука Хазарадзе - «Лело» 14 октябры акцимæ нæ иу кæны, фæлæ индивидуалонæй кæд исчи бацæудзæн ууыл йын нæйы ничи зæгъдзæн
«Лело Гуырдзыстонæн»-ы лидер Мамука Хазарадзе хъусын кæны, цæмæй 14 октябры акцимæ сæ парти нæ баиу уыдзæн. Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, индивидуалонæй акцимæ бацæуын ивар никæмæн кæндзысты.
«Парти «Лело Гуырдзыстонæн» ацы акцимæ нæ баиу уыдзæн. Гæнæн ис исчи ахицæн кæна индивидуалонæй уырдæм бацæуын æмæ уый никмæнæ фæивра кæндзыстæм. Нæ хъуыдымæ гæсгæ, президент Саакашвили аккаг у рæстаг тæрхоны процессы йын уа æмæ æнæмæнгæй хъæуы, цæмæй тæрхонон системæ ссæрибар уа политикон уæлæндæвдæй.
Нæ фокус хъуамæ уа здæхт дыккаг турмæ, кæд нæ фæнды цæмæй бæстæйы фæивæм уавæр æмæ аы нысан ма хъуамæ фесæфа. 320 октябры дыккаг туры оппозици коалиционæй хъуамæ фæуæлахиз уа æмæ фидæн азмæ сцæттæ кæна йæхи уæлрадон æвзæрстытæм, кризис алыг æнæ дыккаг турæй гæнæн нæй» – загхта Мамука Хазарадзе.