Парти «Лелойы» лидер Мамука Хазарадзе хъусын кæны, цæмæй Гуырдзыстоны парламент уадзы.
Уый фæдыл Хазарадзе закъондæттæг органы цур цæугæ акцийыл райхъусын кодта.
«Æз политикæмæ æрбахызтæн дыууæ азы размæ. Ацы дыууæ азы дæргъы нæ ныллæууыд ме фхæрд, мингай нæмттæ æвæрд, фæлæ размæ мæ фæндаг дарддæр кæнын. Уыдæттæ мæм нæ хъарынц. Политикæмæ уый тыххæй не рбахызтæн цæмæй мæ исты бынат хъæуы кæнæ истæмæй мæхи айстаин. Мæ фæлтæрддзинад кæцы ацы бæстыхайы райстон дзуры мын, цæмæй ницы пайда у уыцы адæймæгтимæ хъуыддаг райдайын, кæцы дæ сусæгæй ныххафы æмæ дын æвзæрстытыл дæ хъæлæстæ адавы. Уый тыххæй ахицæн кодтон, цæмæй ацы мандат, ацы парламент ныууадзон, уымæн цæмæй сымахимæ иумæ адарддæр кæнон тох кæнын уынджы, сæрибар Гуырдзыстонæн, нæ хъæбулты фидæнæн. Ац тох уыдзæн уæлахиздзинады онг» – райхъусын кодта Мамука Хазарадзе.