Мамука Хазарадзе хъусын кæны, цæмæй коронавирусыл йæ тесты дзуапп æвæрццаг у
Парти «Лело Гуырдзыстонæн»-ы лидер Мамука Хазарадзейæн бесгæрсты фæстиуæгæн коронавирус сбæрæг ис.
Уый тыххæй Хазарадзе, «Фейсбукы» сæрмагонд фарсыл ныффыста.
Фæлæ Мамука Хазарадзейы фидиуæнæй, зæгъгæ 48 сахатмæ, ноджы ма иу анализ сараздзæн, цæмæй дзуапп 100% бæрæг уа.
«Ме æмпартиæгтæн «Лелойаг» æмбæлттæн æмæ гуырдзиаг дзыллæйæн мæ фæнды фехъусын кæнын информаци, цæмæй знон изæр сарызтон «PCR» тест, уымæн æмæ мын уыд ныллæг тæвд. Тест равдыста «Ковид-19»-ыл æвæрццаг дзуапп. Æхмæнадæмон стандартты æмæ регуляцитæм æмбæлгæйæ, абонæй дæн æххæст хиизоляцийы. Уый уыд фыццаг тест, 48 сахатмæ та фæлхатгæ ратдзынæн анализ, уымæн цæмæй 100 % сæбæрг уа дзуапп. Ацы моментмæ мын тæвд нал ис, мæхи хатын дзæбæх æмæ хъал. Нæ хицауады æнарæхст æмæ æнæпрофессионалонæй, æнæбæрнонæй уагъд процесстæ, Гуырдзыстоны алкæцы æмбæстагы тасы бафтыдтой.
«Гуырдзиаг Бæллиццы» кърах «Ковид-19»-ы ныхмæ тохы мингай адæймагæн æрхаста зиан – куыд æнæниздзинады, афтæ экономикон цæстæнгасæй. ..
Фæлæ мæ фæнды алкæмæн зæгхын, ма тæрсут! Паникæйæн ма бакомут! «Ковид-19»-æн бафæразын æмæ йæ басæттын æнцонæй ис гæнæн. Иттæг нысаниуæгджын 2 къури нæм æнхъæлмæ кæсы, ацы тохы æнæмæнгæй хъуамæ фæуæлахиз уæм, ацы тохы фæстæмæ алæуд гæнæн нæй. 31 октябры иумæ басæтдзыстæм ковид-инфекци æмæ Бæллиццы хицауад дæр.
მოგესალმებით მეგობრებო, ჩემს თანამებრძოლებს, ლელოელ თანაგუნდელებს და ქართულ საზოგადოებას მინდა მოგაწოდოთ ინფორმაცია,…
Posted by მამუკა ხაზარაძე Mamuka Khazaradze on კვირა, 18 ოქტომბერი, 2020