Мамука Хазарадзе хъусын кæны, цæмæй æхсæнадон змæлдимæ иумæ сараздзæн политикъон парти
Фыццаджы дæр бындурæрывæрдзыстæм æхсæнадон змæлдæн æмæ стæй рæхджы бындурæвæрд æрцæудзæн политикон парти – уый фæдыл «ТВС-Банкъы» бындурæвæрæг Мамука Хазарадзе загъта журналисттæн.
«Дыууæ бонмæ райхъусын кæндзыстæм нæ æхсæнадон змæлды бындурæвæрды датæ, сахат æмæ бынат. Фыццаджы дæр бындурæрывæрдзыстæм æхсæнадон змæлдæн æмæ стæй рæхджы бындурæвæрд æрцæудзæн политикон парти. Уый дæр уыдзæн тынг цыбыр æмгъуыдты», – райхъусын кодта Мамука Хазарадзе.
Журналистты фарстыл, уыдзæн æви нæ сæ балы раздæры премьер-министр Гиорги Къвирикашвили, Мамука Хазарадзе дзуры, цæмæй ацы темæйыл йæм Къвирикашвилиимæ коммуникаци нæ уыд.
«Гиорги Къвирикашвилиимæ нын ацы темæйыл коммуникаци дæр нæ уыд. Куыд æй зонут афтæмæй, Гиорги ацыд политикæйæ. Уый кусы æхсæнадæмон организацийы æмæ нын ницы коммуникаци уыд ацы темæйыл», – загъта Мамука Хазарадзе.