Мамука Хазарадзе домы æнæкондициргонд æртагы импорты фæтобæ кæнын
«Тибиси Банкъ»-ы æвджиддар советы сæрдар Мамука Хазарадзейы фидиуæнæй, Гуырдызстоны премьер-министр Гиорги Квирикашвилийы бизнес-ассоциацийы уæнгтимæ фембæлдыл, ныхас аххæссыд бæстæйы уæвæг сидтытæм æмæ æвæрццаг тенденцитæм.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, премьерæн бавдыст иртасæны, кæцы сырæзт Гуырдзыстоны бизнес-ассоциацийы, объективонæй уыд бавдыст уыцы æвæрццаг фæрстæ, кæцы фæстаг азты дæргъы бæстæйы æрцыд.
Фембæлды фææуды фæстæ Мамука Хазарадзе куыд расидтис афтæмæй, фембæлды рæстæджы ныхас цыдис фæстаг азы сидтыты фæдыл дæр.
Мамука Хазарадлзейы ныхæстæм гæсгæ, фембæлдыл хаххгондæй банысан ис æвæрццаг тенденцитæ дæрæ æмæ реформæтæ дæр, уый нымæцы æфтиагы фидтоны реформæ, афтæма пенсион реформæ.
«Тынг цымидисон фембæлд сырæзт. Мæхæдæг бавдыстон фарст, кæцы æххæссы нæ экологимæ æмæ уыцы уавæрмæ, кæцыйы сты паддзахады сегасæй стырдæр сахартæ. Æркуырдтон фæтобæ уа бæстæмæ æнæкондициргонд артагы импорт, сæрмагондæй та ныхас цæуы, дизелы артагыл, кæцы практиконæй сахарты, сæрмагондæй та Тбилисы, уæлдæфы сегасæй фылдæр чъиззи кæны. Баныфсвæрдтой нын, цæмй ацы фарст аскуыддзаг уыдзæн. Ныфс мæ ис фендзыстæм дырыс къахдзæфтæ экологийы æрдгæй»- расидтис Мамука Хазарадзе.
Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Квирикашвили бизнес-ассаоциацийы уæнгтимæ фембæлд.
Мадзалыл экономикон балы министртимæ иумæ, уыдис сæйраг сахары мер Каха Каладзе дæр.
Абоны фембæлдыл бизнес-ассоциацийы минæвæрттæ – хицауады сæргълæууæг æмæ министрты кабинеты уæнгтæн, базонын кодтой – «Гуырдзыстоны бизнесæрдз хицæн секторы цæстæй»-ы фæстиуджытæ.