Мамука Хазарадзе – Дæ бартæ куы ист æрцæуынц æмæ дын рæстадон тæрхон куы нæ уа, уæд иунæг фæндаг у æхсæнадон æнæкоммæгæсдзинад.
Дæ бартæ куы ист æрцæуынц æмæ дын рæстадон тæрхон куы нæ уа, уæд иунæг фæндаг у æхсæнадон æнæкоммæгæсдзинад – уый фæдыл социалон хызагы «Тыхджын Гуырдзыстоны» коалицийы лидер Мамука Хазарадзе ныффыста.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, гæнæн ис бæстæйы раздахын æмæ алы æмбæстагы бартæ сног кæнын.
Уæлахиз къухы бафтдзæн нысанмæ æвæллайгæйæ цæугæйæ, фæндондзинад, тых, протесты алыхуызондзинад æмæ бирæ æндæр æмæ æндæр протестон фокустæ – уагдæтты, паддзахадон æмæ сæрмагонд секторты, æхсæнадон бынæтты. Дæ бартæй дын куы байсой æмæ дын рæстаг тæрхон куы нæ уа, уæд иунæг мадзал у æхсæнадон æнæкоммæгæсдзинад.
Махæн нæ бон у ацы бæстæ фæстæмæ райсын æмæ алы æмбæстагы бартæ сног кæнын. Домæм ног æвзæрстытæ. Æмбæстагон æнæкоммæгæсдзинад у бындурон бар, кæцы лæвæрд цæуы Конституцийæ! Æз уæм сидын, цæмæй иумæ æрлæууат æнæрастдзинад æмæ сайды ныхмæ. Цы бартæ байстой, уыдон фæстæмæ райсæм. Европаг æвзæрст у националон æвзæрст» – фыссы Хазарадзе социалон хызагы.