«Лелойы» лидертæ Мамука Хазарадзе æмæ Бадри Джапаридзе тæрхондоны æскъуыддзагæй æрцахстой.
Барадхъахъæнджытæ бахæццæ сты Лелойы офисмæ, цыран Хазарадзе æмæ Джапаридзе æрбынат кодтой æмæ сын азымгæнæн гæххæтт бавдыстой.
Барадхъахъхъæнджытæ нæ сбæлвырд кодтой, фыццаг пъæлицæйы хайадмæ æви комкоммæ ахæстонмæ аласт æрцæудзысты Лелойы разамонджыты.
Тбилисы горæтон тæрхондон Мамука Хазарадзе æмæ Бадри Джапаридзейæн Гуырдзыстоны парламенты рæстæгмæ фæдагурæн комисы æркуырд нæ сæххæст кæныны тыххæй, абон аст мæйы ахæстоны фæбадыны тæрхон рахаста, афтæ дæр сын дыууæ азы æмгъуыдмæ снысан кодта.