Мамука Бахтадзе - Мах фехъуыстам фактыты Фундаментонæй æнæраст интерпретаци, мах сæрыстыр стæм нæ историйæ
Мах фехъустам фактыты Фундаментонæй æнæраст интерпретаци, хъал стæм нæ историйæ, Европæ сæрыстыр у амæй æмæ æрлæуудзæн бон, нæ абхазаг æмæ ирон æфсымæртимæ иумæ, куы сараздзыстæм фидар паддзахад – уый тыххæй Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе, Уæрæсейы президенты Владимр Путины фидиуæнмæ гæсгæ, журналисты фарсты дзуаппæн райхъусын кодта.
Гуырдзыстоны хицауады сæргълæууæгы аргълæвæрдæй, Гуырдзыстоны историй у Европæйы историйы хай æмæ европæйæгтæ, афтæ куыд дунейы æмгарад, ацы историйы деталонæй зонынц.
«ХЪыгагæн, фыццаг нæм нæ хъуысы ахæм фидиуæнтæ, кæцытæ æнцой сты фактыты фундаментонæй æнæраст интерпретацийыл. Гуырдзыстоны историй уы уый, цæмæй дæр нæ алкæцы дæр хъал у. Гуырдзыстны историй у Европаг историйы хай æмæ уæ уырнын кæнын, европæйæгтæм,, афтæ куыд дунейы æмгарадмæ ис деталон зонынад нæ историйы фæдыл. Мах куыд хъал стæм нæ ивгъуыдæй, афтæ хъал у Европæ дæр, уымæн æмæ мах стæм европаг цивилизацийы хай. Нæ рард у æхсæнадæмон дзыллæмæ уа раст информаци æнæ æрмæст историйы фæдыл, фæлæ ма фидæны плæнтты тыххæй æмæ фидæны план у иунысанон æмæ хуымæтæг – Гуырдзыстон адарддæр кæндзæн иууон паддзахады арæзтад æмæ ацы арæзтады хайад райсдзæн алкæцы адæймаг, кæцы Гуырдзыстоны цæры, нæ абхазаг æмæ ирон æфсымæртæ æмæ алкæцы этникъон равзæрды адæймаг, кæцы цæры нæ иумæйаг фыдыбæстæйы. Ай у уый, цæуылдæр хъуамæ уа ориентацигонд паддзахад. Мах стæм бæрнон хицауад æмæ бæрнон хицауады сæйраг рард у, бахъахъхъæна националон инетерстæ æмæ сæрмагонд æмбæстæгты экономикон интерестæ» – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.
Афтæма, премьер-министры дзырдæй, бæстæйы раз уæвæг риссаг сидтытæн бахъом уынæн, æнæмæнгхъæугæ у колсолидацидзинад æмæ иумæйаг тыхархайд.
«Фæнды мæ алкæмæн ноджы иу хатт зæгъын, мæ хæлæрттæ ныр афон у консолидаци скæнæм æмæ æцæгдæр нафоны у поляризаци. Поляризаци у уый, кæцы Гуырдзыстоны скæны мысанæй æм уый алчи дзæбæх хъуамæ æмбарæм» – райхъусын кодта премьер-министр Мамука Бахтадзе.
Уæрæсейы президент Владимир Путин знон райхъусын кодта, цæмæй зæгъгæ «1918 азы Гуырдзыстон, Германийы æфсæдды æххуысæй Абхазы оккупаци скодта, 1919 -1920 азты та бирæ тызмæг дæр архайдта Ирыстоны – уый у геноцидæй цы схонынц уый».