Мамука Бахтадзе - Кæцыфæнды нæ уазæгæн фыццаг бакастæй бæрæг у гуырдзиаг культурæйы идентондзинад Европаг культурæимæ
Гуырдзыстон у бæстæ, цы ран кæцыфæнды адæймагæн йæ бон у, æххæстæй рахата историйы дæргъвæтиндзинад, нысаниуæг æмæ уникалон культурæ – уый фæдыл Гуырдзыстоны преьер-министр мамука Бахтадзе, проект «Гуырдзыстон, Европæ»-ы байгомы церемонийыл дзырдæй ралæуды рæстæджы загъта.
Мамука Бахтадзейы дзырдæй, бынтон сæрмагонд у Гуырдзыстоны географи, уымæн æмæ Европæ æмæ Азийы тигъыл Гуырдзыстон æнусты дæргъы хиды роль æххæст кодта.
«Гуырдзыстон сæрыстыр у йæ культурæйæ, рагон традицитæй. Гуырдзыстон у растдæр уыцы бæстæ, цы ран кæцыфæнды адæймагæн йæ бон у, æххæстæй рахата историйы дæргъвæтиндзинад, нысаниуæг æмæ уникалон культурæ. Нæ бæстæ мингай азты арфæй у, æмæ растдæр уымæй бæрæг у йæ хицæндзинад. Гуырдзиаг культурæ æнусты дæргъы æвзæрын кодта бирæгъуызон истори, кæцыйы руаджы æрфидар ис хæдбындурдзинад æмæ баахъаз кодта Гуырдзыстоны культурæйы хицæндзинады æнкъарæн. Бынтон хицæн у нæ геграфи дæр, Европæйы æмæ Азийы тигъыл Гуырдзыстон æнуцсты дæргъы æххæст кодта хиды роль. Кæцыфæнды нæ уазæгæн фыццаг бакастæй цæстæйуынгæ æмæ бæрæг у гуырдзиаг культурæйы идентондзинад Европаг культурæимæ, уымæн æмæ нæ иумæйаг æнцой сис у иуæмйаг культурон хæзнатæ æмæ нæ раст ацы хæзнаты иумæйагдзинад иу кæны.
Кæддæриддæр иу банысан кæнын, цæмæй гуырдзиаг адæмы æвзæрст , суа европаг бинонты æххæстаргъджын уæнг, нæу æрмæст политикъон æвзæрст, ай у цивилизацион æвзæрст ацы аххосы тыххæй. Уырнæг дæн ацы форумæй райдайдзæн диалогы серий, кæцы бамбырд кæндлзæн æндæр æмæ æндæр европаг культурæты æмæ европаг культурæты ацы бирæгъуызондзинады равдисдзæн гуырдзиаг европаг культурæйы роль. Æз бахзæс кодтой культурæй æмæ зонæдты министрадæн, ацы æрдæм активон къахдзæфты аразын райдыдтаиккам, æмæ цæй зæгъын æй хъæуы ацы форум судзæн традицион. Ацы кампани уыдзæн традицион. Мах стæм европаг культурон тыгъдады æнæдихаг хай, æмæ уый тыххæй хъæуы фылдæр ныхас кæнын. Уырнæг дæн, ай æппæт, форумы æрфидары иттæг нысаниуæгджын роль сыххæст кæндзæн» – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, 2018 азы, Гуырдзыстон уыд Фарнкфурты чиныджы æрмукъæйы цытджын уазæг, цы ран æнтыстджынæй равдыст æрцыд Гуырдзыстоны культурæ.