Мамука Бахтадзе – экономикæйы министрад кусы, цæмæй Гуырдзыстон-АИШ-ы æхсæн комкоммæ тахтытæ афоныл райдайа
Гуырдзыстоны æмæ Америкæйы иугонд штатты æхсæн ахастытæ ахæм бæрзонд æмвæзадыл никуы уыдысты æмæ хъуыды кæнын, иттæг нысаниуæгджын у, цæмй бæстæты æхсæн райдайа комкоммæ авиарейсытæ- уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе хицауады рабадты райдаыны размæ уагъд бьрифингыл райхъусын кодта.
Хицауады сæргълæууæгы дзырдæй, зæгъгæ экономикæйы министрад кусы æмæблон экономикон иртасæныл, кæцы цалдæр къуыримæ фæуыдзæн.
«Фæнысангонд иртасæн нын баххуыс кæндзæн, рацаргурæм æмбæлон компани, цæмæй афоныл райдайа тахтытæ Гуырдзыстон æмæ АМерикæйы Иугонд Штатты æхсæн. Уырнæг дæн, комкоммæ авиарейсытæ нын баххуыс кæндзæн, фæдывæр кæнæм уыцы экономикон потенциал, кæцы ацы дыууæ бæстæйы æхсæн экономикон цæстæнгасæй ис» – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.