Мамука Бахтадзе - Ис нæм алы ресурс цæмæй, æнтыстджын бæстæ уæм, кæцыйы дæр алкæцы хæдзары бинонтæ аккаг цард кæндзысты
Ис нæм алы ресурс æмæ фадат, уæм æнтыстджын бæстæ, цы ран алкæцы хæдзары бинонты аккаг цард кæндзысты – – уый тыххæй дзырдæуы Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзейы ногазон арфæйы. Гуырдзыстоны премьер-министр æмбæстонтæн арфæ кæны ног азы бæрæгбон. «Арфæ уын кæнын æрлæугæ 2019 аз. Алкæмæн уын кувын æнæниздзинад, æнтыстытæ æмæ бирæ æфсон амондджын куыд рахатат уæхи уымæн. Ног аз у алкæй бæрæгбон æмæ æппæт бæстæ куы бæрæгбон кæны, уæд мæ фæнды стыр цыт равдисон уыцы адæмы æрдæм чидæриддæр ацы минутты бæстæйы куысты лæууы. Ног аз арфæ кæнын æхсæнадæмон мисситы хайадисæг не фсæддæттæн, дохтыртæн, полициæгтæн, æфссæддон службæгæнджытæн, арæнхъахъхъæнджытæн, ирвæзынгæнджытæн – смыах стут нæ ныфс, æмæ сымахыл æнцой у Гуырдзыстоны сабырдзинад. Фæнды мæ сæрмагондæй раарфæ кæнын Ног азы уыцы адæймæгтæн, чидæриддæр æндæр æмæ æндæр аххосæй сты фыдыбæстæйæ дард, фæсарæнты. Мах алцыппæт аразæм, цæмæй уын сæвзæрын кæнæм фыдыбæстæмæ æрыздæхынæн алы хъæугæ аууæлттæ æмæ куыд гæнæн ис афтæ цыбыр рæстæджы. 2019 азы æрлæуд арфæ кæнын алкæмæн, уыцы уырнындзинадæй цæмæй æввахс афæдз æнтыстджын уыдзæн нæ бæстæйæн æмæ сымах алкæмæндæр. Зонын цæмæй нырма ноджы бирæ бинонтæ æййафынц хъуаг æмæ бирæтæ фæразынц мæгуырдзинадæн. – хъусын кæны Мамука Бахтадзе. Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстоны хицауады тыхархайд растдæр уыцы æрдæм у цæмæй мæгуырдзинадыл фæтых уæм. «Ног экономикон политикæ, рæстаг хъазты фæткойтæ, кæцытæ мах æрфидар кодтам, уырнæг дæн фæстиуæг ратдзысты æмæ фæрнæйдзаг ивындзинæдты банкъардзæн бæстæйы алы бинонтæ. 600 йæ фылдæр æмбæстаг ацы ног азыл амбæлдзæн хæстæй уæгъдæй. Фарсхæцынад æмæ солидарондзинад, кæрæдзийæн æхуысæй бахъом уыдзыстæм алцæмæндæр, иудзинады руаджы фæтых уыдзыстæм алы быцæусидтыл æмæ фæстагмæ слæууын кæндзыстæм бæстæ йæ къæхтыл.
Сæрмагонд цытæй арфæ кæнын Ног АЗ хистæр фæлтæрæн, алкæмæн чидæриддæр æнæхипайдайæ лæккад кæны нæ бæстæйæн. Æрлæугæ ног аз арофæ кæнын нæ абхазаг æмæ ирон æмбæстæгтæн. Уырны мæ иумæйаг тыхархайдæй сараздзыстæм иумæйаг къахдзæфтæ хуыздæр фидæны æрдæм. Махмæ иумæйаг фидæн кæсы æрмæстдæр сымахимæ иумæ. Уый тыххæй, нæ фæнды прогресс æмæ размæцыд, бæстæйы хъæуы ног идеятæ, ног бакаст, уæндон æмæ цырд уынаффæтæ æмæ ацы энергий ис нæ фæсивæдмæ, уыдон сты нæ бæстæйы фидæн» – хъусын кæны Мамука Бахтадзе. Афтæдæр йæ ныхæсмтæм гæсгæ 2019 азы ахуырад уыдзæн Гуырдзыстоны хицауады æнæмæнг приоритет.
«Ахуырыл бындурæвæрд политикæ æмæ инновацитæ Гуырдзыстоны бакæндзысты райтынггонд æмæ Европаг бæстæты рæнхъытæм, æрдзон æгъдауæй нæ бынат кæм ис уырдæм, нæ цивилизацион барæвзар цы у уым. Уырны мæ, цæмæй нæм ис алы ресурс æмæ фадат, уæм æнтыстджын бæстæ, кæцыйы дæр алы хæдзары бинонтæ аккаг цард кæндзысты, ноджы иу хатт уын арфæ кæнын Ног Аз. Уырны мæ цæмæй 2019 аз уыдзæн, æнтыстыты æмæ размæцыды афæдз алкæмæн дæр»- банысангонд у премьер-министры арфæйы.