Мамука Бахтадзе - Гуырдзыстоны бирæ æнтыст, АИШ-Гуырдзыстоны стратегион партнерады æнтысты комкоммæ фæстиуæг у
Гуырдзыстоны бирæ æнтыст, АИШ-Гуырдзыстоны стратегион партнерады æнтысты комкоммæ фæстиуæг у – уый тыххæй Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе, АМерикæйы Иугонд Штатты паддзахадон нымæрдар, Майк Помпеоимæ фембæлды фæстæ райхъусын кодта.
Мамука Бахтадзе, Майк Помпеойæн, Гуырдзыстнæн æнцой дарыны тыххæй раарфæ кодта.
«Цытджын нымæрдар, бузныг уын хъарм райсты æмæ Гуырдзыстонæн æнцой дарын кæй дарддæр кæнут уый тыххæй. Тынг цин мын у Вашингтонмæ æрыздæхын, сæрмагондæй та АИШ-Гуырдзыстон стратегион партнерад банысан кæнынæн.
2008 азы Уæрæсе æрбалæбурдта æмæ Гуырдзыстоны регионты – Абхаз æмæ Цхинвалы оккупаци скодта. Ацы кризисы фæстæ, Гуырдзыстон æмæ АИШ-æ сарызтой платформæ Гуырдзыстоны фæстæмæ йæ къæхтыл слæууын кæныны тыххæй, институтты фæтыхджындæрæй, демократийы райтынг кæнынæй, закъоны сæйрагдзинад фæфидар кæнынæй, æфсæддон æмгуыстдаæй æмæ нæ адæмты æхсæн контактты ауæрæх кæнынæ.
Гуырдзыстоны бирæ æнтыст сты АИШ-Гуырдзыстоны стратегион партнерады æнтысты комкоммæ фæстиуæг, кæцыйы райдианæй дæс азы сæр нысан кæнæмю Фæстаг дæс азы дæргъы, мах АИШ-имæ райтынг кодтам динамикон, æппæтылæххæссæг æмгуыстад æмæ президент Трампы администрацийы периоды, нæ бастдзинад сеппæтæй бæрзонддæр нысæнттæм æсхызтис»- райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.
Гуырдзыстоны премьер-министр ныхасы рæстæджы Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы цалдæр иумæйаг æнтыст рахицæн кодта.
«Фыццаджыдæр АИШ-ы æмæ Гуырдызстоны æхсæн æдасдзинады сферæйы координаци никуы уыдис ахæм фидар. Гуырдзыстон у АИШ-ы лоялон партнер глобалон аренæйыл. Нæ хæлардзинад бафæлвардта рæстæг æмæ нæ цæдистæ фæтыхджындæр сты хæцыны рæстæджы. Мах фæрсæй-фæрстæм лоæууæм æмцæдисонтимæ иумæ Афгъанистаны, цы ран Гуырдзыстон у ставддæр контрибутор НАТО-йы «ХЪæддых Фарсхæцыны» миссийы.
Цæттæ стæм, адарддæр кæнæм нæ нысаниуæгджын хайбавæрд иумæйаг евро-атлантикон æдасдзинады. Гуырдзыстоны НАТО-имæ æмбынатины руаджы æмæ æмтгæйон мид продукты дыууæпроцентон хæдиргъæфыл хардзæй, алы практикон инструмент ис цæгат-атлантикон альянсы уæнгдзинадмæ бацæттæ кæнынæн» – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.
Уый ма афтæдæр банысан кодта, цæмæй Гуырдзыстон райгонд у НАТО-мæ интеграцийы фæндагыл АИШ-ы æххуысæй.
«Хæдиргъæфы æрдгæй æмгуыстад баххуыс кодта Гуырдзыстоны гарзджын тыхты модернизаци æмæ уромæн фæрæзты сæвзæрын кæныны. Аргъ кæнæм АИШ-ы Гуырдзыстоны хæдиргъæфмæ цæттæдзинады программæйæн фарсхæцыны тыххæй æмæ АИШ-ы Гуырдзыстоны æндæр дыууæфарсон активондзинæдты тыххæй, кæцытæ нысаниуæгджын сты Гуырдзыстоны территорион хæдиргъæфæн æмæ ныхмæ слæуды фæрæзты фæтыхджындæр кæнынæн. Тынг аргъ кæнæм АИШ-ы хъæддых æнцойæадæн Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинадæ мæ суверенитеты æрдæм. Оккупацийы æмæ Уæрæсейы æрдгæй оокупацигонд территориты уæззау гуманитарон æмæ æдасдзинады уавæры дзуаппæн, мах стæм конфликты сабырадонæй кæрон скæныны иузæрдыг.
Æппæтылæххæссæг сабырадон политикæйы æмæ АИШ-ы æххуысæй, Гуырдызстон æххæст кæны сабырадон инициативæ, цахæм дæр у «Къахдзæф хуыздæр Фидæны æрдæм», кæцы оккупацигонд регионты цæрджыты Гуырдзыстоны æмбæстæгтимæ бафидауын дары йæ хъуыдыйы. Гуырдзыстон æмхъæлæсонæй сбæлвырд кодта, тыхæй æнæспайдайæн фарсхæцын. Сидæм Уæрæсемæ сæххæст кæна 2008 азы августы æхсты фæурæды бадзырдæй цы хæстæ райстæ йæхимæ уыдон.