Мамука Бахтадзе – Дональд Трампы æрдгæй националон хъахъхъæнынады авторизацийы актыл къух бафыстæй, АИШ-ы æрдгæй Гуырдзыстонæн хъæддых фарсхæцынад ноджы иу хатт сбæлвырд ис
АИШ-ы президент, Дональд Трамп, АИШ-ы националон хъахъхъæнынады авторизацийы актыл къух кæй рафыста уымæй, АИШ-ы æрдгæй Гуырдзыстонæн хъæддых æнцой дарынад ноджы иу хатт сбæлвырд ис закъондæттæн æмæ æххæстгæнæг æмвæзадыл, – уый фæдыл премьер-министр Мамука Бахтадзе хицауады рабадты райдаыны размæ, брифингыл райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, цалдæр боны размæ Гуырдзыстон, стратегион партнеры æрдгæй ноджы иу прецедент кæмæн нæй ахæм фарсхæцынад райста.
Премьер куыд банысан кодта, афтæмæй, зæрдылбадаринаг у уый æмæ Гуырдзыстонимæ баст фарстатæ, куыд дыууæфарсон, афтæ регионон контексты дырысæй-дырысдæр бавдыст сты АИШ-ы политикон боны фæткъы.
«2019 азы АИШ-ы хъахъхъæннады авторизацийы акт уымæй хицæн кæны, æмæ йæ мидæг фиксиргонд у сегасæй нысаниугджын ныффыстытæ Гуырдызстоны националон интересты æмæ æдасдзинады, афтæдæр регоналон æдасдзинадæн æнцой дарынады цæстæнгасæй дæр. Сæрмагондæй нысаниуæгджын у, цæмæй закъондæттæн æмвæзыл ноджы иухатт фиксир кæна НАТО-ы гом дуары политикæйы, уый нымæцы, Гуырдзыстоны НАТО-йы уæнг суæвыны идеяйæн æххæст фарсхæцын», – райхъусын кодта премьер.
Уыйбанысангонд фарсхæцыны тыххæй, Гуырдзыстоны стратегион партнерæн бузныг ноджы иу хатт загъта.
Премьеры аргълæвæрдæй, ай у ноджы иу ирд бæлвырдгæнæн, ома Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы æхсæн ахастытæ, æцæгдæр стратегион равг хæссынц.
Дональд Трамп цалдæр боны размæ, АИШ-ы националон хъахъхъæнынады авторизацийы акт (FY19NDAA) бафыста. Гуырдызстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийæ, фæнысанкæнинаг у уый æмæ, акты ныффыстмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстон Европæйы æдадсзинады контексты, Сау Денджызы æмæ Балтийы бæстæтимæ иумæ, нымалмæ ист цæуы куыд АИШ-ы æмцæдисон æмæ партнер.