Мамука Бахтадзе – демокративон процесстæн хуыздæр уыдзæн, кæд æмæ «Гуырдзиаг Бæллиццæн» президентон æвзæрстытыл сæрмагонд канидат нæ уыдзæн
Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе хъуыды кæны, цæмæй хуыздæр уыдзæн, кæд «Гуырдзиаг Бæллиццæн» президентон æвзæрстытыл сæрмагонд кандидат нæ уыдзæн.
Мамука Бахтадзе абоны брифингыл куыд райхъусын кодта афтæмæй, «Гуырдзиаг Бæллиццæн» иу бирæ каандидатурæ, кæцытæ бахъом уыдзысты æнæпроблемæйæ аккаг фæстиуæг æрхæссын президентон æвзæрстытыл фæлæ ацы фоныл зæгъгæ , «Гуырдзиаг Бæллиццæн» парламенты конститцион фылдæры хай куы ис, уæд хуыздæр уайид ма йын уа сæрмагонд кандидат президентон æвзæрстытыл.
«Гуырдзиаг Бæллиццы!» философи у уый æмæ, Гуырдзыстоны сырæзтаит æцæг Европаг парламентон демократи æмæ парламентон республикæ. «Гуырдзиаг Бæллиццæн» иу Гуырдзыстоны парламенты конституцион фылдæры хай, афтæма бынæттон æвзæрстыты фæстиуæгæн, фактонæй алы бынæттон хæдуынаффæйы дæр «Гуырдзиаг Бæллиццæн» ис нысаниуæгджын уæлидзинад. Цыфæнды политикон тыхы рард у уый, æмæ кæцыфæнды æвзæрстыты райса хайад, максималон ресурсыты инвестици сæххæст кæна цæмæй йын уа хорз фæстиуæг. Бауырнæнт уæ, ис нæм бирæ кандидат, кæцытæн сæ бон у тынг аккаг фæстиуæг райсын президентон æвзæрстытыл, æмæ уый тыххæй фæныхас кодта Бидзина Иванишвили дæр. Иннæ рдгæй та «Гуырдзыиаг Бæллиццы» философи уый у цæмæй мах Гуырдзыстоны хъуамæ æрфидар кæнæм æцæг Европаг парламентон демократи æмæ парламентон республикæ, кæцыйы дæр нын ис конституцион фылдæры хай. Ардгæй рацæугæйæ, ис дыккаг иттæг нысаниуæгджын аргумент дæр, партион интерестæй уæлдай, ома конституцион фылдæры хай нæм куы ис, уæд нæ демократийæн уыдзæн хуыздæр, æмæ «гуырдзиаг Бæллиццæн» ма уа сæрмагонд кандидат президентон æвзæрстытыл,»- райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, дыууæдæр аргументæн ис тынг серьозон нысаниуæг.
«Фæнды мæ зæгъын уын, цæмæй тынг мидисджын уынаффæтæ цæуынц фарстамæ гæсгæ æмæ партийы сæрдар Бидзина Иванишвили куыд загъта афтæмæй, æввахс бонты мах нæ кæронбæттæн позицийы базонын кæндзыстæм дзыллæйæн,» – бафтыдта ма премьер-министр.