Мамука Бахтадзе – Бидзина  Иванишвили  айзæлын кодта  æцæгæй дæр прецедент цæмæн нæй  ахæм  уынаффæ, кæцыйимæ бал æххæстæй  разы  у
Мамука Бахтадзе – Бидзина Иванишвили айзæлын кодта æцæгæй дæр прецедент цæмæн нæй ахæм уынаффæ, кæцыйимæ бал æххæстæй разы у

Бидзина  Иванишвилирайхъусын кодта  æцæгæй дæр прецедентцæмæн нæй  ахæм  уынаффæйы тыххæй,   кæцыимæ бал, æххæстæй  разы  у –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе «Гуырдзиаг Бæллиццы»  централон офисы загъта журналисттæн.

«Фæнды мæ  зæгъон уын,  цæмæй  партийы сæрдар , Бидзина Иванишвили   райхъусын кодта æцæгæй дæр прецедент цæмæн нæй  ахæм  уынаффæйы тыххæй. Цæй зæгъын æй хъæуы  балы  мидæг  мах тæрхон кодтам  ацы  фарстайыл  æмæ  уыйимæ  бал æххæстæй разы у.  Зонут æй  цæмæй   растдæр  «Гуырдзиаг Бæллиццы»   инциативæйæ  æрцыд ног конституцийы  ныффыст, æмæй  махæн, парламентон демократиимæ иумæ, 2024  азæй уыдаит  пропорцион  æвзарæнон системæ,  кæцы нын раттаит  фадат ноджы  фылдæр райрæзтаиккой  Гуырдзыстоны политикъон партитæ  æмæ  сæ  минæварад   фылдæр уыдаит  Гуырдзыстоны  парламенты.   Ацы  уынаффæ скоррекци  кодтам æмæ  хъуыды кæнын, цæмй  уый дæр  хуымæтæг хабар у.  Фæнды мæ бахахх кæнын, цæмæй  мæнæн  сæрмагондæй   цин уыдис, цы федтон уый, цæмæй Гуырдзыстоны ис  æвзонгтæ, кæцыты фæнды,  сæхимæ  бæрн райсын æмæ дзыллæмæ дæр ис раст æнкъарæн, цæмæй нæ  политикон   царды нæ хъæуы  фылдæр ног  гоймаг.

Уыйимæ иумæ ма,  цæй  зæгъын æй хъæуы   ис  партитæ, кæцытæн фылдæр фадат хъуамæ  уа, уæрæхæй  бавдыст уой  парламенты, цæмæй  минималон арæн  цухæй, ацæуæт  фæдылдзог  æвзæрстытæ  парламенты.   Фактонæй,   кæцыфæнды адæймагы  хъæлæс хъуамæ  уа бавдыст,  уый  ноджы  фылдæр фæтыхджындæр кæндзæн   нæ сæйраг цæстæнгас, цæмæй  Гуырдзыстон æххæстаргъджынæй суа  парламентон  демократийæ. Цæй зæгъын æй хъæуы,   рæзынады  уыцы  этапыл,  кæцыйыл дæр лæууы Гуырдзыстон,  амæн  гæнæн ис  хицаудзинад эффективондзинады  цæстæнгасæй,   уа  сæрмагонд æппæрццаг  фарс  дæр, фæлæ  уырнæг дæн, æдргъвæтин перспективæйы   уымæй  нæ  институттæ   ноджы  тыхджындæр суыдзысты, кæцы  уыдзæн уый бындур,  æмæ   Гуырдзыстон  суа   æнтыстджындæр бæстæ æмæ  дæргъвæтин  перспективæйы  хуыздæр бахъом уæм  цы  уæззау  быцæусидтыты  раз лæууæм уыдонæн», – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.