Мамука Бахтадзе - америкаг партнертæ тынг нысаниуæгджыныл нымйынц Анаклиайы æрфдойнаг порты уæвын, Гуырдзыстонæн æнæмæнгæй уыдзæн æрфдойнаг порт
НАТО-имæ нын плангонл сты иумæйаг къахдзæфтæ, цæмæй Сау Денджызы регионы æдасдзинад уа æнæцудгæ – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе, НАТО-йы генералон нымæрдар Йенс СТолтенбергимæ иумæ уагъд брифингыл райхъусын кодта.
Мамука Бахтадзе куыд банысан кодта афтæмæй, Гуырдзыстонæн ис æнæивгæ роль Сау Денджызы æдасдзинады концепцийы.
«Сау Денджыз НАТО-йæн абон у иуæй-иу сæйраг приоритет æмæ мах уымæй райгонд стæм. Алчи хорз æмбары, цæмæй Гуырдзыстонæн ис бынтон уникалон роль САу Денджызыæдасдзинады концепцийы. ЗМæ бон зæгъын у, æнæивгæ роль. Уымæ мæбæлгæйæ дæр, махæн НАТО-имæ иумæ нын плангонд сты иумæйаг къахдзæфтæ, цæмæй Сау Денджызы регионы æдасдзинад уа æнæцудгæ æмæ мæ хъуыдымæ гæсгæ, уый фылдæр бæрæг суыдзæн фæдылдзогазты дæргъы» – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.
Уыйимæ иумæ Гуырдзыстоны премьер-министр, АНаклиайы порты тыххæй дæр фæныхас кодта. Йæ ныхæстæм гæсгæ, америкаг партнертæ тынг нысаниуæгджыныл нымйынц Анаклиайы æрфдойнаг порты уæвын. Мамука Бахтадзе банысан кодта, цæмæй Гуырдзыстонæн зæгъгæ æнæмæнгæй уыдзæн æрфдойнаг порт.