Мамука Бахтадзе – АИШ-Гуырдзыстоны стратегион партнерад æмæ дыууæпартион æххуыс сеппæтæй бæрзонддæр къæпхæныл лæууы
Америка Гуырдзыстонæн йæ фарсмæ лæууыд хæдбардзинады ногæй рацарæзты бонæй цы къахдзæфтæ æрцыд вæрд уыдоны рæстæджы æмæ абон, АИШ-Гуырдзыстоны стратегион партнерад, дыууæпартион æмкуысткæнынадимæ иумæ, сеппæтæй бæрзонддæр къæпхæныл лæууы – уый тыххæй Гуырдызстоны премьер-министр, Мамука Бахтадзе, Вашингтоны, Гуырдзыстон-АИШ-ы стратегион партнерады конференцийы байгомы рæстæджы загъта.
Хицауады сæргълæууæгы аргълæвæрдæй, стратегион партнерады 10 азы дæргъы, дыууæфарсон æмгуыстад географионæй æмæ экономиконæй ауæрæхдæр ис.
«Гуырдзыстонæн уыдис кад сфысым кодтаит АИШ-ы вице-президент Майкл Пенсы æмæ æдадсзинады фарстаты АИШ-ы президенты уынаффæгæнæг Джон Болтонæн. Дыууæдæр фæзынд уыдис иттæг нысаниуæгджын АИШ-Гуырдзыстоны стратегион партнерады æмæ дыууæфарсон ахастыты ног бæрзæндтæм скæныны æрдгæй. Ацы æмæ æндæр фембæлдтыл хорз бамбæрстам, цы хæсисты сæххæстмæ æнхъæлмæ кæсынц махæй нæ партнертæ æмæ цас аргъджын у нæ хайбавæрд иумæйаг æдасдзинад æрфидары хъуыддаджы. Сегасæй ахсджиаг у дæргъвæтин стратегион æххуысы программæйæы- «Аккаг партнеры» фæлгæтты уагъдт ахуырты æмæ кæрæдзиимæ æмбынатин æрфидар кæныны æрдгæй, кæцы Гуырдзыстоны æфсæддон тыхты хайадæй æмæ америкаг æфсæддæтты къухдариуæгæй уагъд цæуынц Гуырдзыстоны æмæ сæ нысан у, махæн баххуыс кæнын æмæ бирæгъуызон ахуырты руаджы, Гуырдзыстоны, АИШ-ы æмæ хайадисæг бæстæты цæттæдзинад фæтыхджын кæнын. Райгонддзинад æвдисæм Конгрессы æмæ Урс Хæдзармæ мах цы хъæуындзинад æййафæм уыдоны банымады тыххæй, кæцы æвдыст æрцыд нæ сабырады æмæ стабилондзинады срæвдз кæныны фарстатыл фылдæр æмгуыстадæй» – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.
Премьер афтæдæр хъусдард раздæхта АИШ-ы Конгресс цы националон хъахъъхæнынады акт райста уый æрдæмкæцы йæ фарс хæцы Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн æмæ америкаг хæлæрттæн раарфæ кодта.
« Кнгресс акценттæ сцырын кодта Уæрæсейы æнæзакъонон, æфсæддон оккупацийы фæстиуæгæн Гуырдзыстоны суверенитеты састыл. Ивгъуыд мæйы, минæвæртты палатайы æддæ хуъыддæгты комитеты, æмхъæлæсонæй ист æрцыд Гуырдзыстонæн фарсхæцæг акт. Куыд æй зонут афтæмæй, ацы дыууæпартион æххуысы закъондæттæн инициативæйæн йæ нысан у нæ суверенитет бахъахъхъæнын кæцыфæнды агрессийæ, Уæрæсейы авантюризмы бафхæрын санкцитæй æмæ æндæр нысаниуæгджын мæцъистæй. Гуырдзиаг адæм АИШ-ы хицауадæй райгонд у нæ территорион æнæхъæндзинадæн хъæддых фарс хæцыны тыххæй, Уæрæсейы дæргъвæтин агрессийы уавæрты» – банысан кодта Мамука Бахтадзе.
Гуырдзыстон-АИШ-ы стратегион партнерады конференци, кæцыйы фысым у АИШ-ы сабырады институт, Гуырдзыстоны минæварады æмæ «Херитидж Фонды» æморганизацигондæй цæуы æмæ уым АИШ_ы политикъон æмæ экспертон зылдты минæвæрттæ исынц хайад.