Мамука Бахтадзе ADB-ы бæрнон Иешим Ельхан Кайларыл фембæлд
Мамука Бахтадзе ADB-ы бæрнон Иешим Ельхан Кайларыл фембæлд

Гуырдзыстон æмæ Азийы размæцыды банк ADB-ы æхсæн æмкуыстдзинады фарстатæ уыдысты каст Гуырдзыстоны финансты министр Мамука Бахтадзе æмæ Гуырдзыстоны ADB-ы бæрнон Иешим Ельхан Кайлары æхсæн арæзт фембæлдыл. Финансты министрады информацийæ, фембæлдыл фарсытæ бакастысты Гуырдзыстоны Азийы размæцыды банкъы, цæугæ æмæ фидæн проекттæ-транспорты, донлæвæрд æмæ энергетикайы сфераты. Фæныхас кодтой Гуырдзыстоны хицауады 4 –пунктон планыл æмæ уыцы реформæты фæдыл, кæцытæ ацы планы фæлгæтты реализ кæнынц. Фембæлдыл банысан кодтой, цæмæй ADB-ы æмæ Гуырдзыстоны æхсæн æмкуыстдзинад у тынг арф æмæ йын ис фидæны позитивон перспективатæ.