Махашвили Леван – ис нæм ахæм æнкъарæн, цæмæй Брюселы нæ аргументтæм ма байхъуыстаиккой, сæйраг нысан уыд, цæмæй ма уыдаит вæрд къахдзæф, цæй фæстиуæгæн дæр æммахастыты сног дæр райдыдтаиккам
Парламенты Евроинтеграцийы комитеты сæрдар Леван Махашвилийы ныхасмæ гæсгæ, Гуырдзыстон-Евроцæдисы диалогы æргъæвды фæдыл аххосæгтæ сты æнæхъуаджы æмæ фылдæр æфсоны хуызæн сты, фембæлды æргъæвынæн.
Махашвилийы ныхасмæ гæсгæ, ацы фембæлдмæ Гуырдзыстон æхсæз мæйы бæрц цæттæ кодта йæхи.
“Махмæ ис ахæм æнкъарæн, цæмæй уыд цавæрдæр бафæлвæрд алидзын ацы фембæлдæй æмæ ма байхъусой нæ аргументтæм Брюсселы. Сæйраг нысан уыд, цæмæй ма сырæзтаит позитивон цæвиттон æмæ ма æрцыдаит вæрд къахдзæф, цæй фæстиуæг дæр райдайиккам ахастыты ног кæнын. Афтæ зыны, цыма Брюсселы иуæй-иу адæймæгтæн уый нæ фæцыд йæ зæрдæмæ æмæ аскъуыддзаг кодтой эскалаци скæнын» – расидтис Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналæн Махашвили.