Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Мака Бочъоришвили Венгрийы ног снысангонд минæвар Петра Поневач-Панаимæ базонгæгæнæн фембæлд сарæзта. Министрады пресс-службæйы информацимæ гæсгæ, министр раарфæ кодта минæварæн йæ бынатмæ снысан кæныны фæдыл æмæ йын йæ цæст бауарзта æнтыстытæ йæ дарддæры архайды.
«Фембæлдыл фарсытæ райгондæй райстой дыууæ бæстæйы æхсæн æнгом хæларадон ахастытæ æмæ æмгуыстад куыд дывæрсыг, афтæ дæр бирæфарсон форматы, кæцы сырæзт фидар стратегион партнердзинадмæ.
Фарсытæ æруынаффæ кодтой дыууæфарсон ахастыты актуалон фарстатыл æмæ æмгуыстад фæарфдæр кæныны перспективæтыл. Уыдон дзырдтой базарады, экономикæйы, бастдзинады æмæ æндæр кæрæдзийæн цымыдисон фадгуыты потенциалæй æххæстæй спайда кæныны ахсджиагдзинадыл. Уыдон райгондæй банысан кодтой бæрзонд æмвæзады визитты баивды активон динамикæ.
Мака Бочъоришвили расидтис бузныджы ныхæстæ Венгрийы фидар фарсхæцыны тыххæй Гуырдзыстонæн.
Фарсытæ банысан кодтой активон æмкуыстдзинад адарддæр кæныны æнæмæнгхъæуындзинад, цæмæй ноджы фæарфдæр уой гуырдзиаг-венгриаг ахастытæ» – ис фыст Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрады фидиуæны.