Мака Бочъоришвили фембæлд йæ узбекаг коллегæ Бахтиор Саидовимæ, кæцы Гуырдзыстонмæ фыццаг официалон визитæй ис
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Мака Бочъоришвили фембæлд йæ узбекаг коллегæ Бахтиор Саидовимæ, кæцы Тбилисы фыццаг официалон визитæй ис.
Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрады информацийæ, фембæлдыл дыууæ бæстæйы æттаг хъуыдтæгты министртæ Гуырдзыстон æмæ Узбекистаны æхсæн хæларадон ахастытæ æмæ партнерады фæдыл фæныхас кодтой. Банысан кодтой фæстаг рæстæджы бæрзонд æмвæзады визиттæ, кæцытæ фæахъаз сты ахастытæ дарддæр фидардæр кæнынæн.
«Сæрмагонд хъусдард здæхт æрцыд дыууæ бæстæйы æхсæн базарадон æмæ экономикон бастдзинæдты фæтыхджындæр кæнынмæ, акцент æрцыд Гуырдзыстон æмæ Узбекистаны иумæйаг æмгуыстадыл Скæсæн æмæ Ныгуылæны иугæнæг астæуккаг къæлидоры райрæзты фæдыл.Уымæй уæлдай ма, Гуырдзыстон-Узбекистаны æхсæнхицауадон къамисы куыстæн бæрзонд аргъ лæвæрд æрцыд Парламенты сæрмагонд æмгуыстады сæрмагонд рабадтыл. афтæ дæр культурæйы, ахуырады, зонады, туризмы æмæ спорты фадгуыты æмахастыты фæарфдæр кæныны æнæмæнгхъæуындзинад Дискусси баххæсыд Гуырдзыстоны оккупацигонд территоритыл уæвæг вазыгджын уавæрмæ.
Министртæ афтæдæр фæныхас кодтой регионы æдасдзинады уавæрыл æмæ бахахх кодтой сабырад æмæ стабилондзинад сифтонг кæныны æнæмæнгхъæуындзинад. Фембæлды фæстæ, Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрад æмæ Узбекистаны республикæйы æттаг хъуыдтæгты министрады æхсæн 2025-2026 азтæн æмкуысткæнынады программæ бафыстой» – дзырдæуы æттаг хъуыдтæгты министрады расидæны.