Мака Бочъоришвили фембæлд Израилы националон æдасдзинады министримæ
Израилы паддзахадмæ официалон визиты фæлгæтты Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министр Мака Бочъоришвили Израилы паддзахады националон æдасдзинады министр Итамар Бен-Гвириимæ фембæлд.
Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрады информацийæ, фембæлды фæлгæтты фарсытæ дыууæ бæстæйы æхсæн партнерон ахастытыл æмæ дыууæфарсон æмкуыстдзинад ноджы фæарфдæр кæныны фæндæгтыл фæныхас кодтой.
«Уæлдай акцент æрцыд æдасдзинад æмæ барадхъахъхъæнæг сферæты æмахастыты динамикæйыл æмæ дыууæ бæстæйы министрадты æхсæн эффективон координацийы фарстатыл.Райгондæй банысан кодтой бæрзонд æмвæзады визитты позитивон динамикæ» -ис фыст æттаг хъуыдтæгты министрады фидиуæны.