Мака Бочъоришвили фембæлд Израилы фæсарæн хъуыддæгты министр, Гидеон Саарыл
Израилы паддзахадмæ фыццаг официалон визиты фæлгæтты, Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министр Мака Бочъоришвили фембæлд Израилы æддаг хъуыдтæгты министр Гидеон Саарыл. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны æддаг хъуыдтæгты министрад парахат кæны.
Министрады информацийæ, фембæлды рæстæджы министртæ акцент сарæзтой Гуырдзыстон æмæ Израилы æхсæн историон æмæ культурон бастдзинæдтыл æмæ æркастысты дыууæфарсон ахастыты фарстатæм.
Сæрмагонд хъусдард здæхт уыд дыууæ бæстæйы ‘хсæн базарадон-экономикон æмгуыстад фæарфдæр кæныны перспективæтæм.
Ныхасы ма дзырд цыд регионы æдасдзинады уавæрыл дæр. Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр райгондæй ралæууыд Израил æмæ ХАМАС-ы æхсæн Газайы сабырадон планы фыццаг фазæйы фæдыл сразыдзинадæн, бахахх кодта АИШ-ы æмæ сæрмагондæй президент Трампы сæрмагонд тыхархайд æмæ хайбавæрд регионы сабырад баххæсынæн. Фæсарæн хъуыддæгты министр ноджы иу хатт сбæлвырд кодта Гуырдзыстоны фарсылхæцындзинад конфликты сабырадон æрбæстон кæнынæн.
Фембæлды кæронбæттæны фарсытæ сбæлвырд кодтой цæттæдзинад дыууæфарсон форматы æмгуыстад адарддæр кæнынмæ.