Мака Бочъоришвили фембæлд Араббаг Иугонд Эмиратты премьер-министры хæдивæг æмæ фæсарæйнаг хъуыддæгты министр шейх Абдулла бин Заид Аль-Нахайянимæ
ИНО-йы генералон ассамблейы 80-æм сессийы фæлгæтты фæсарæн хъуыддæгты министр Мака Бочъоришвили Араббаг Эмиратты премьер-министры хæдивæг æмæ æттаг хъуыдтæгты министр шейх Абдулла бин Заид Аль-Нахайянимæ фембæлд.
Фембæлды рæстæджы министртæ райгондæй банысан кодтой, цæмæй бæстæты æхсæн хæларадон æмæ партнерон ахастытæ интенсивонæй рæзынц куыд дывæрсыг, афтæ дæр бирæфарсон форматы.
Бæрзонд æмвæзады визитты ивæндзинад æвæрццагæй аргъгонд æрцыд. Сæ æхсæн сæрмагондæй банысан ис Иугонд Араббаг Эмиратты президенты, Шейх Мохамед бин Заид Аль-Нахайяны визит Гуырдзыстонмæ, кæцыйы фæлгæтты банысан ис Араббаг Иугонд Эмиратты фарсы цæттæдзинад Гуырдзыстоны масштабон инвестицион проектты реализаци æмæ æндæр æмæ æндæр фадыджы æмкуыстдзинад рæзын кæнынмæ.
Министртæ æруынаффæ кодтой инвестициты фадыджы æмкуыстдзинадыл, бæстæты ‘хсæн базарадон-экономикон бастдзинæдты фæарфдæр кæныныл æмæ Астæуккаг къæлидоры нысаниуæгыл. Ацы æрдгæй хъусдард здæхт уыд Гуырдзыстоны стратегион бынатмæ, æлвасгæ инвестицион климатмæ æмæ æвæрццаг бизнес-æрдзмæ.
Министртæ ноджы иу хатт сбæлвырд кодтой сæ цæттæдзинад дыууæ бæстæйы æхсæн æнтыстджын æмгуыстад адарддæр кæнын æмæ ноджы фæтыхджындæр кæнынмæ.
Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрад парахат кæны.